Хид ахæм заууат у æмæ раст цыма минæты быдыр у, афтæ: алы къахдзæфыл дæр арматурæтæ æмæ æфсæйнаджы хæйттæ — ам фæкæлын кӕнӕ фӕцъӕррӕмыхст уӕвын сси æрвылбоны хъуыддаг. Хид хъæуы цæрджытæй бирæтæй хистæр у арæзт æрцыд 70-æм азты, цæуы йыл 50 азæй фылдæр, уыдонæй 10 ис заууат уавæры.
Фæззæг ралæууыд – тыллæг æфснайыны афонмæ бирæ нал ис, фӕлӕ хъӕууон хӕдзарады уӕззау техникӕ хиды сæрты ахизынмæ цæттæ нæу, уымæн æмæ йыл рог хæдтулгæтæ дæр зынтæй цæуынц, уӕзласӕн машинӕты комбайнты кой уæвгæ дæр нал кӕнынц.
Быдыртæй уӕлдай ма иннӕ фарс ис сывӕллӕтты фӕз дӕр — хъæуы бирæ не сты — ног хъæлаугæнæнтæ, тренажертæ, футболон фæз, фӕлӕ сӕм бахӕццӕ уӕвынмӕ бирӕтӕ сӕ ныфс нӕ хӕссынц.
Æмӕ уыцы цау иунæг нӕу — цӕмӕй хуымӕтӕджы тренажертыл ахъазой, уый тыххӕй сывæллæтты бахъӕуы ӕнӕхъӕн фӕлварӕны сӕрты ахизын, фӕлӕ хуынчъы ныххауын — никӕй фӕнды. Мамиаты Оксанӕ алы хатт дӕр тӕрсы, сывӕллӕтты фыдбылызæй куы нæ бахиза, уымæй.
Ног хид саразынæй ныр 9 азы зæрдæ æвæрынц бӕрнон ведомствæтæ, фӕлӕ ахӕм ахизæныл ацӕуын нӕ рауайдзӕн. Хъуыддаг куыд æмбарынц кæнынц районы администрацийы, афтæмæй, зӕгъгӕ, раздӕр арӕзтад уыд колхоз «Дружба»-йы бӕрны, фӕлӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй куыстуаты архайд фӕкъуыхцы, хид та афтӕ ӕнӕхицау баззад.
Ахæм фадатмӕ бынӕттон цæрджытæ иу аз не ‘нхъӕлмӕ кӕсынц – цалынмӕ хид администрацийы бæрны кæнынц, уӕдмӕ хид ногдæр нæ кæны, адæм ма аварион ахизæныл цас цæудзысты, уый рæстæг равдисдзæн.















