Хабæрттæ хи цæстæй фенын æмæ рæстдзинад дунейæн фехъусын кæнын. Ахæм хæсимæ Хуссар Ирыстонмæ ссыдис китайаг журналист. Республикæйы исы киноныв, 2008-æм азы дзы августы цы хæст цыдис, уый тыххæй. Паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы уацхæссæгимæ фембæлгæйæ, фæсарæйнаг уазæг йæ хъуыддаджы тыххæй бæлвырддæр радзырдта.
Хуссар Ирыстоны цы хæстон цаутæ `рцыд, уыдонмæ китайаг журналисттæ се `ргом фыццаг хатт не здахынц. Сæ нысан уыд, сæхи цæстæй цы феной æмæ сæм рæстдзинад цы фæкæса, уый тыххæй Зæххы къорийы цæрджытæн фехъусын кæнын. Лу Юйгуан дæр уыдис уазджыты `хсæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хæстон журналисты куыст канд хабæрттæ дзурын нæу. Хъуамæ зона йæхи хъахъхъæнын дæр. Йæ хотых – микрофон æмæ телекамерæ. Уыдоны руаджы пайда хæссы адæмæн. Тæрсгæ дæр кодтой, фæлæ сæхæдæг цы цаутæ базонынмæ `рцыдысты, уыдон дунейыл апарахат кæныны хæс тасæй тыхджындæр разынд. Хи цæстæй фенынæй хуыздæр та уыцы хъуыддаджы ницы ис. Кусы телеканал «Феникс-Телевижн»-ы. Уый ис Гонконджы. Æвдисынц царды алывæрсыг фæзындтæ, уыимæ хабæрттæ дæр. 2008-æм азы августы телеканалы уацхæсджытæ æвдисæн уыдысты, Хуссар Ирыл хæстон цæхæр куы ссыгъдис, уымæн.
Телерадиокомпани «Ир»-ы уацхæссæгимæ фембæлды рæстæг китайаг уазæг радзырдта, йæ фæндагыл цы зындзинæдтимæ фембæлд, уый тыххæй дæр.
Ацы хатт Лу Юйгуан фæнд кæны, 11 азы размæ цы бынæтты уыд хæсты рæстæг, уыдон ногæй бабæрæг кæнын, адæмимæ фембæлын. Нæ разы кæны, хæдбар аргъ кæмæн не скæна, уыцы хъусынгæнинæгтыл æууæндын. Документалон киноныв дæр исы æрмæст йæхи `нкъарæнты бындурыл.
Цы у æнæмаст царды бындур, зæгъгæ, фарстæн дæр китайаг уазæгмæ дзуапп разынд. Фидар экономикæ, дам. Æмæ йæм куыд кæсы, афтæмæй Хуссар Ирыстон уыцы фæндагыл æрлæууыд.
Хъулаты Юрий
















