Хойрæгтæ, хъæугæ хостæ, уыимæ сабитæй хъæрмуд фыстæджытæ. Республикæйы активисттæ æмæ баххуыс кæнын кæй фæнды, уыцы цæрджытæ дарддæр сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, уыдонæн æрвитынц гуманитарон æххуыс. Cе ‘вæрæн бахастой Æрыдоны клуб «Золотой возраст»-ы архайджытæ дæр. Æфсæддонтæн бийынц хъарм цъындатæ.
Цъындагæнæн телтыл æрмдæснытæ ӕфтауынц къуымбил ӕндахӕй бийынаг. Къуымбил у хæрзхъæд, ӕмӕ зымæгон хорз тавдзӕн. Ӕндах хорз кæй ивæзы, уымæ гæсгæ быд дзаума алкæй аккаг дæр уыдзӕн. Ныридæгæн сæрмагонд æфсæддон операцийы чи ис, уыдонæн ахæм узæлд ахсджиаг у.
Клуб «Золотой возраст»-ы ӕнӕхъӕн мæй фæнд кодтой, сæрмагонд æфсæддон операцийы цы æфсæддонтæ архайынц, уыдонæн баххуыс кæнын. Зымæджы къæсæрыл сæ бафæндыд салдæттæн цъындатæ сбийын. Ацы хъæппæрисимæ сразы ис районы цæрджытæн социалон лæггæдты центры разамонæг Хъесаты Игорь. Уый сын балхæдта къуыбылæйттæ. Уæдæ акцийæн дæр ном æрхъуыды кодтой иумæ – «Тепло души», зæгъгæ.
Æрмдæснытæ тагъд кодтой, фæндыд сæ уазæлтты райдианмæ акци кæронмæ ахæццæ кæнын. Тагъд фыццаг хай – 30 цъындайы арвитдзысты, сæрмагонд операци ныридæгæн кæм æххæстгонд цæуы, уырдæм. Уæдæ акцийы фæлгæты се`ххуысы хай Джергуыбайы бæрæгбоны кувæн къуыри кæй æххæст кæнынц, уый дæр ахсджиаг у.
Йæ æфсæддон хæс чи æххæст кæны, уыдонæн гуманитарон æххуысӕн хойрæгтæ, хостæ æмæ сывæллæттæй хъæрмуд фыстæджытæ æмбырд кæнынц районы алы къуымтæй дæр. Уый та уый тыххæй, цæмæй цæрджыты хъармæй фæхайджын уой æфсæддонтæ дæр.
















