КВН сывæллæтты командæ «Сборная Владикавказа» адæмы зæрдæтæ æлхæнынц хъæлдзæг радзырдтæ æмæ хъазæн ныхæстæй. Æмæ кæд нырма æвзонг сты, уæддæр сæ къухты бафтыд бирæ æнтыстдзинæдтæ. Сæ курдиат æрыгон юмористтæ фæлтæрынц æрвылбоны репетициты рæстæг.
Цыргъзонд æмæ æрхъуыдыджын, хъазæн æмæ худæн ныхӕстӕ чи уарзы, уыцы командæ «Сборная Владикавказа» райдыдта йæ репетици. Фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдты фæрцы æрыгон юмористтæ репетици райдайынц разминкæйæ. Дарддæр балæууынц ног номыртæ хъуыды кæныныл.
Командæ сси бинонты хуызӕн. Се ‘ппæтмæ дæр ис иу бæллиц – КВН-ы бæрзæндтæм схизын. Лæппутæ æмæ чызджытæ базонгæ сты 2017 азы 34-æм скъолайы. Уӕд сæ зæрдæмæ фӕцыд, стӕй ныфсхаст ӕмӕ зӕрдӕргъӕвд фӕсивӕд ӕмбырд кӕнын райдыдтой. Ӕнтыстджынæй архайын райдыдтой конкурсты, фестивальты. Уым базыдтой уæлахизы ад. Æрæджы дæр та æрластой ног трофей Дагестанæй. Рамбылдтой Махачкалайы мэры номыл кубок. Цæмæй адæмы зæрдæтæ балхæной, уый тыххæй архайджытæ æрхъуыды кодтой ног хъæлдзæг радзырдтæ, темæтæ.
Æрвылбоны репетицитæ, вокалы уроктæ, актеры дæсныйад, хореографи æмæ, ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахæм атмосферæ. Фæсивæдæн сæйрагдæр у – адæмы зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнын. Худæг ныхæстæ æрхъуыды кæнынæн сæ бирæ нæ хъæуы. Дзæуджыхъæуы иугонд командæ ма рамбылдта музыкалон фестивалы дæр. Ууыл æрлӕууынвӕнд нæ кӕнынц. Разæй сæм æнхъæлмæ кæсынц ног уæлахизтæ.
Ныртæккæ «Сборная Владикавказа» йæхи цæттæ кæны 2021 азы сезонмæ. Иу мæйы фæстæ СТС каналы райдайдзæн «Шоу талантов детского КВН». Кæд нырма хæрз æрыгон сты, уæддæр тырнынц хуыздæр суæвынмӕ. Зæрдæ дардзыстæм, радон фæлварæн дæр сæ къухы æнтыстджынæй кæй бафтдзæн, ууыл.















