preloader
сейчас в эфире
14:36
СПЕКТАКЛЬ "ПАЛАТА №6" 12+
Смотрите Далее
14:50
ВОЗВРАЩЕНИЕ УРУЗМАГА 12+
16:15
КАДРЫ 12+
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:50
ЗАЩИТНИКИ 12+
18:00
ПРОЕКТ "АЛЬФА" 16+
ТВ ПРОГРАММА
СПЕКТАКЛЬ "ПАЛАТА №6" 12+
close

Нæ республикӕйы цӕстыгагуыйау хъахъхъӕнынц, чи фӕмард, уыцы хъӕбатырты ном

18.08.2026 17:41

Натальяйы кӕддӕриддӕр фӕндыд йӕ бӕстӕйӕн лӕггад кӕнын. Раздӕр бирӕ азты фӕкуыста паддзахадон службӕйы. Хӕстон музей саразын сси йӕ ног ахсджиаг проект. Йӕ сӕйраг хӕс уыны хъайтарты ном бахъахъхъӕнын ӕмӕ йӕ рæзгæ фæлтæрæн раттыны.

«Блиндаж, кӕнӕ сыджыткъæс — уый у чысыл зӕхбын ӕмбӕхсӕн. Уым хӕсты рӕстӕг сӕ бон цӕрын у салдӕттӕ кӕнӕ командиртӕн».

Тӕрхӕджытыл — сӕдӕгай экспонаттӕ, ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр ис йӕхи истори. Музейы ӕмбырдгонд сты, хӕст чи бавзӕрста, уыдоны дзаумӕттӕ, къамтӕ, фыстӕджытӕ ӕмӕ радзырдтӕ. Наталья Ракитянская цаутыл канд датӕтӕ ӕмӕ документтӕм гӕсгӕ нӕ дзуры. Ацы хабӕрттӕ сты йæ царды иу хай. Сылгоймаг кусы 19-ӕм мотоæхсæг дивизийы хистӕр офицеры ӕххуысгӕнӕгӕй. Раззаг рӕнхъыты уæззау уавæртæ зоны. Иудадзыг ацӕуы сæрмагонд операцийы бынатмæ. Æххуыс кӕны ӕфсӕддонтӕн. Йӕхӕдӕг фены акъоппытӕ ӕмӕ ӕхстытӕ.

«Ацы музей уый тыххæй сарæзтон, æмæ мæ фӕнды, цӕмӕй алы ӕрбацӕуӕг дӕр ардыгӕй ахӕсса ног зонындзинӕдтӕ. Сывӕллӕттӕ хъуамӕ зоной, нӕ бӕстӕ тынг уӕззау рӕстӕджытӕ кӕй бавзӕрста. Стыр революци ӕмӕ Фыдыбӕстӕйы стыр хӕст ныууагътой арф фӕд. Аивтой, чи хӕцыд, уыдоны цард ӕмӕ, фӕсчъылдым чи ӕххуыс кодта, уыдоны цард дæр».

Музей æппынæдзух рӕзы. Иуӕй-иу экспонаттӕ Наталья ссардта ӕнӕнхъӕлӕджы, иннӕтӕ та агуырдта тынг бирӕ рӕстӕг. Афтæ чысыл коллекцийæ рауад стыр равдыст. Ныртӕккӕ ахсы 2 залы. Сылгоймагæн ахсджиаг у, цӕмӕй ацы дзауматӕ хуымӕтӕджы тӕрхӕджытыл ма лӕууой. Хъуамæ дзурой хӕстон азты истори.
«Архайын ӕцӕг дзауматæ ссарыныл ӕмӕ хӕссыныл. Бирӕтӕ дзы ныртӕккӕ сӕфынц. Адӕм сӕ арӕх аппарынц, уымӕн ӕмӕ сын сӕ историон хӕзна не ‘мбарынц. Ахӕм предметтӕ куы фенын, уӕд сӕ мӕхицӕн райсын. Фæфæнды мæ, цæмæй сæ сывæллæттæ феной. Цы сты, уый сын радзурын».
Æфсæддон музей тынг ахсджиаг у Наталья Ракитянскаяйӕн. Коллекци райдианӕй æмбырд кодта: экспонаттæн сӕ иутæ йӕхӕдӕг ссардта, иннæ йын балæвар кодтой. Музейӕн тынг бирӕ дзауматæ радтой йӕ райгуырӕн 19-ӕм мотоæхсæг дивизийы хӕстонтӕ.

«Ацы майдантæ мæм æфсӕддонтӕ радтой. Ӕз тынг фӕдис кодтон, се ‘хсӕн “Будапешт байсыны тыххӕй” хӕрзиуӕг куы федтон, уӕд. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй лӕг тагъд-тагъд цыд ӕмӕ йӕ майдантӕ аппӕрста. Хуымӕтӕджы тарсти, Украинӕйы йӕ уыцы советон хӕрзиуджыты тыххӕй куы бафхӕрой, уымӕй».

Музейы алы экскурси дӕр у цардӕгас ныхасы хуызӕн. Наталья дзуры хӕст ӕмӕ адӕмы уӕззау хъысмӕтыл. Ам нӕй сæрмагонд маршруттӕ ӕмӕ ӕхгӕд витринӕтӕ. Кӕцыфӕнды ӕрбацӕуӕгӕн дӕр йӕ бон у ӕцӕг майдантӕ ӕмӕ ордентӕ йӕ къухмæ райсын, кӕнӕ та ӕфсӕддон дарӕс абарын. Æмæ уый адӕмӕн ӕххуыс у историимӕ бастдзинад комкоммӕ банкъарынӕн.

«Мӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц, экспонаттæ иууылдӕр авджы фӕстӕ кӕм сты, уыцы музейтӕ. Хӕстӕг мын не сты, уымӕн ӕмӕ уым историимӕ бастдзинад нӕ хатын. Топпыхосы тӕф ӕмӕ хӕстон дзаумӕтты тӕф нæ фенкъарын».

Натальяйы кӕддӕриддӕр фӕндыд йӕ бӕстӕйӕн лӕггад кӕнын. Раздӕр бирӕ азты фӕкуыста паддзахадон службӕйы. Хӕстон музей саразын сси йӕ ног ахсджиаг проект. Йӕ сӕйраг хӕс уыны хъайтарты ном бахъахъхъӕнын ӕмӕ йӕ рæзгæ фæлтæрæн раттыны.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Беслан сейчас. 3 сентября
3.09.2026
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Цохъты Беллæ I Фæрдгуытæ
31.08.2026
Прозрачная платежная система, инклюзивное образование и «Движение первых» I Самое время
31.08.2026
День ветеринара и День блогера I Доброе утро, Осетия!
31.08.2026
Сихъоты Тамир ӕмӕ Хынцӕгты Маринӕ I Куыд зӕгъай, афтӕ!
30.08.2026
В итоге. 30 августа
30.08.2026
Хугаевы I Семья
30.08.2026
Все рекомендуемое