Нартыхъæуы культурæйы хæдзар æрæджы райста ахсджиаг лæвар. Ныр сæм ис профессионалон музыкалон гæрзтæ, фæндыртæ, балалайкæтæ. Раздæр-иу сæ бахъуаджы рæстæг истой хаццоны.
Ахæм лæвармæ фæсивæд бæллыдысты рагæй. Концерты агъоммæ сæ музыкалон ифтонггæрзтæ раздæр арæх хъуыд искæмæй исын. Æрбаластой-иу сæ Æрыдон кæнæ Дзæуджыхъæуæй. Ныр сæм фæзынд сæхи инструменттӕ.
Хъæуы фæсивæдæн ахæм лæвар скодтой компаниты къорд «Остров»-ы минæвæрттæ. Культурæйы хæдзары аппаратурæ кæй нæй, уый базыдтой куыстуаты бындурæвæрджытæй.
Кафты ансамбль «Нæртон», драмон, театралон, уыимæ фæндырдзæгъдджыты къордтæ. Æдæппæтæй культурæйы галуаны архайынц сæдæмæ ввахс сывæллоны. Сæ разамонджыты ныхæстæм гæсгæ, сæрмагонд инструменттæ сæм кæй нæ уыд, уый тыххæй ахуыртæ арæх цыдысты къуылымпыдзинæдтимæ. Компанийы руаджы сæм сентябры фæзындзысты далафæндыртæ æмæ фæндыртæ дæр.
Ахæм æххуыс компани «Остров» фыццаг хатт нæ кæны. Æдзух архайы алыхуызон хæрзаудæн акциты. Зæгъгæм, зымæджы «Ёлка желаний», зæгъгæ, акцийы фæлгæты сæххæст кодтой сывæллоны бæллиц. Уыцы куыст дарддæр дæр, æнæмæнг, æххæст кæндзысты.
Калоты Дзерассæ
















