Космонавтикæйы боны агъоммæ Дзæуджыхъæуы 20 æрыгон адæймаджы фыццаг хатт райстой паспорттæ.
Сæйраг документ сын кадджын уавæры радтой Уæрæсейы сенатор Виталий Назареко, республикæйы Парламенты депутат Саулохты Сæрмæт æмæ барадхъахъхъæн оргæнты кусджытæ. Официалон хайы фæстæ фæсивæдæн сарæзтой цымыдисаг экскурси планетарийы. “Раззагдæрты змæлд”-ы Æппæтуæрæсеон акци “Мы граждане России” фæлгæты паспорттæ райстой 200 адæймаджы æгас республикæйæ.
















