preloader
сейчас в эфире
11:23
КИТАЙ. АЛАНСКИЙ СЛЕД 12+
Смотрите Далее
11:30
МУЗЫКАЛЬНАЯ ГОСТИНАЯ. РОМАНСЫ КАРОЛИНЫ ГАЗАЕВОЙ 12+
12:25
ПРОФЕССИОНАЛЬНЫЙ ПУТЬ. ЗАЛИНА КАРАЕВА 12+
13:00
ХАБӔРТТӔ 12+
13:20
ÆНУСОН ФАРН. КОКАЙТЫ ТОТРАДЗ 12+
15:00
ВКУС ГРАНАТА (16-АЯ СЕРИЯ) 16+
ТВ ПРОГРАММА
КИТАЙ. АЛАНСКИЙ СЛЕД 12+
close

Майы Цæгат Ирыстонмæ æрбахæццæ уыдзысты 57 ног автобусы

10.04.2024 19:24

Адих сæ кæндзысты муниципалон маршруттыл, се ‘хсæн лыггнинаг фарстатæ арæх кæм сæвзæры, уыдон – Беслæн æмæ Дыгуры район дæр.

Майы Цæгат Ирыстонмæ æрбахæццæ уыдзысты 57 ног автобусы. Адих сæ кæндзысты муниципалон маршруттыл, се ‘хсæн лыггнинаг фарстатæ арæх кæм сæвзæры, уыдон – Беслæн æмæ Дыгуры район дæр.

Уый тыххæй журналисттæн радзырдта Цæгат Ирыстоны транспорт æмæ фæндаггон инфраструктурæйы комитеты сæрдар Солиты Тариэл. Ныхас ма цыд кадртæ кæй нæ фаг кæны, ууыл дæр. Фарстайыл архайдзысты республикæйы куыстдæттыны комитетимæ иумæ. Сæрмагонд программæйы ‘руаджы шофыртæн уыдзæн фадат дæсныйад уæлдæргæнæн курсытæ фæуынæн. Къуырисæры аппаратон æмбырды Сергей Меняйло бабар кодта автобустæ Дзæуджыхъæуæй аэропортмæ æрвитын райдайын. Солиты Тариэл куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй уыцы балцвæдыл ис лыггæнинаг фарстатæ. Ныртæккæ терминалмæ адæмы æнæкъуылымпыйæ баласæн нæй. Фæлæ уыцы хъуыддагыл куыст ныридæгæн цæуы. Ныхас ма цыд фæндаггаг æнæрмæджы æхцайæ пайда кæнгæйæ фидыны фарстайыл. Æрдзырдтой ма хæдтулгæты салонты видеоцæстдарды тыххæй дæр. Уый ног системæмæ гæсгæ сараздзысты, æмæ афтæмæй бæлцæтты ласыны лæггæдтæ дæр фæхуыздæр уыдзысты.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Хетæгкаты Къостайы 167 азы, тромбозимæ тох кæныны мадзæлттæ æмæ Беслæны адæмон театр | Йæ рæстæгыл
13.10.2026
Залина Караева I Профессиональный путь
13.10.2026
Микрозаймы I Разбор полетов
13.10.2026
13.10.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
13.10.2026
Мамиаты-Чехойты Евгения I Фæрдгуытæ
12.10.2026
12.10.2026 I Самое время
12.10.2026
Кинезиология и гирудотерапия I Доброе утро, Осетия!
12.10.2026
Дзантиаты Светланӕ ӕмӕ Сугъаты Хъазыбег I Куыд зӕгъай, афтӕ
11.10.2026
В итоге: 11.10.2026
11.10.2026
Инсулинорезистентность I Медикум
11.10.2026
Дзасохты Музафер I Æнусон фарн
10.10.2026
Мамытæ I Мыггаджы фæндæгтæ
10.10.2026
Хадыхъаты Франц ӕмӕ Тинӕ I Бинонтæ
10.10.2026
10.10.2026 I Гвардия
10.10.2026
Нарты Сосланы Бæрæгбон I Кувæг Ир
10.10.2026
Все рекомендуемое