Афтид къултæ æмæ калд сæрстыты кæритæ. Культурæйы галуан нырма ахæм уавæры ис. Кусджытæ ма бæстыхайæн йе стæгдар ныууагътой, иннæ иууылдæр райхæлдтой — пъолтæ, сантехникæ, хъармгæнæнтæ æмæ рудзгуыты онг. Ногдзинæдтæм æгас хъæу дæр æнхъæлмæ кæсы.
Октябрыхъæуы культурæйы галуан Горæтгæрон районы егъаудæр у. Сарæзтой йæ 1982 азы æмæ уæдæй цалцæггонд нæ уыд. Фæстаг рæстæг бирæ зындзинæдтимæ æмбæлдысты. Хæтæлтæй дон хъардта, агъуыстытæ та хъарм дæр никуы кодтой.
Культурæйы хæдзары 18 сфæлдыстадон къорды ис. Архайы сæ 200 адæймагæй фылдæр. Цалцæджы рæстæгмæ уал сæ æндæр бынæттæм аивтой.
Саив уыдзæн разуынд дæр. Культурæйы хæдзар цалцæг кæнынц “Бинонтæ” национ проектмæ гæсгæ. Рахай йын кодтой 131 млн сомы. Базилдзысты ма бæстыхайы цы чиныгдон æмæ аивадон скъола ис, уыдонмæ.
Сæнтябры бавналдзысты бæстыхайы сæр ивынмæ. Куыстыты гуырахст егъау у, фæлæ куыстытæ æххæстгæнæнг зæрдæ æвæры — афоныл сæ сæххæст кæндзысты.
















