Культурон бынты азы фæлгæты Санкт-Петербургы ацыд адæмон культурæйы хæзнаты антологийы презентаци. Равдыстой дзы бæрæгбæттæ, таурæгътæ, æрмадзтæ, зарджыты æмæ кафджыты традицитæ. Историон нысаниуæг кæмæн ис, 100 ахæм удварны этнокультурон объектты тыххæй радзырдтой регионты минæвæрттæ сæхæдæг.
Форумы архайдтой сфæлдыстады хæдзары директор Лалыты Хъазыбег æмæ эксперт филологон наукæты доктор Сокаты Дианæ. Ирыстойнаг иртасджытæ бакуыстой Симд æмæ Задалески Нанайы культ адæмон культурæйы хæзнадонмæ бахæссыны фæндонимæ.
Æппæтадæмон мадзалы сæйраг хæс у традицион культурæ иртасын æмæ йæ бахъахъхъæныныл архайын.
















