Куыд æххæстгонд æрцыдысты зынгсирвæзтыты ныхмæ мадзæлттæ скъолаты ног ахуыры азмæ. Ууыл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ хицауады сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Кæсæбиты Игорь.
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, скъолаты цы æркастытæ уыд, уыдоны хатдзæгтæм гæсгæ ахуыргæнæндæттæ æххæстæй ифтонггонд не ‘сты зынгхуыссынгæнæн гæрзтæй. Фæлæ уыдон карз фæткхæлдтытыл нымад не ‘сты, сывæллæтты æдасдзинадыл нæ фæзындзысты. Дзæуджыхъæуы ахуырады управленийы разамонæг Батырты Аслан куыд загъта, афтæмæй горæты скъолатæ се ‘ппæт дæр сты цæттæ ахуыры азмæ.
Зæгъын хъæуы уый, æмæ ма 12-æм скъолайы цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Кæронмæ куы ‘рхæццæ уой, уæд ахуыргæнæндон сифтонг кæндзысты зынгсирвæзтыты ныхмæ системæйæ. Уæдмæ та уал Дзæуджыхъæуы 12-æм скъолайы сывæллæттæ ахуыр кæндзысты 15-æм скъолайы.
















