Арæзтады хъæугæдæр æрмæджытæй иу – доломит – ныр 5 азы дæргъы уадзынц куыстуат «Гранит-ИР»-ы. Йæ фæрцы къухы бафты рæсугъд дизайн-проекттæ саразын. Амалиуæг æмархайд кæны Уæрæсейы егъаудæр аразджытимæ. Ныртæккæ фæнд кæнынц ног цех байгом кæнын æмæ кондад фæуæрæхдæр кæнын.
Доломит хæдхуыз дур у. Ссарæн æй ис æрмæст æрдзы, адæймаджы бон æй сфæлдисын не суыдзæн. Фидар, тæвдæн фæразон, стæй рæсугъд. Самал æй кæнынц Гæналдоны комы. Æрмæгæй пайда кæнынц æгас дунейы арæзтадон куыстуæттæ. Компани «Гранит-ИР»-ыл кæд æрмæст 5 азы цæуы, уæддæр ныридæгæн æмгуыст кæны бæстæйы егъаудæр аразджытимæ.
Ныртæккæ кондады архайы 35 адæймаджы. Кусджыты къорд у хæлар, алчидæр йæ куыст бæлвырдæй зоны, – зæгъы «Гранит-ИР»-ы генералон директор Тагъзиаты Вадим. Дурæн зæрдæмæдзæугæ хуыз раттын æнцон куыст нæу. Ацæуы цалдæр къæпхæны. Фыццаг уал æй адихтæ кæнынц. Дарддæр — пецмæ. Уым 50-55 градусы температурæйы бахус вæййы. Дарддæр дур аив кæнын райдайынц.
Дарддæр дур хъæугæ вæзн æмæ дæргъыл алыг кæнынц. Куысты ацы хай нырма зындæртæй иу у, фæлæ тагъд хъуыддаг фенцондæр уыдзæн. «Гранит-ИР» йæ кондад фæуæрæх кæнынæн райсдзæн уæлæмхасæн фæрæзтæ. Тагъд скусдзæн ног цех дæр.
50 млн сомы аргъ бадзырд куыстуат бафыста республикæйы промышленносты райрæзты фондимæ. Хæсист фæрæзтæ дихгонд æрцæудзысты уæлбар æууæлтимæ, 3% афæдзмæ 5 азы æмгъуыдмæ.
















