Сырх Дыгуры рацарæзты фæстæ байгом Цæллаты Афæхъойы номыл парк. Улæфæн бынат сног кодтой парти «Иугонд Уæрæсе»-йы «Горæты æнцонвадат уавæртæ аразыны» проекты æххуысæй. Фæзуатæн æхцайы фæрæзтæ рахай кодтой федералон республикон æмæ бынæттон бюджеттæй. Паркы фæзынц ног къахвæндæгтæ, бандæттæ, бырондæттæ æмæ сывæллæттæн хъазæн фæз.
Улæфæн бынат байгом кодтой кадджын уавæры. Мадзалы бацархайдтой Сырх-Дыгуры сæргълæууæг Хадаты Марик, хъæуы хистæртæ, бынæттон хиуынаффæйады депутаттæ æмæ цæрджытæ.
















