Лæнинграды уæззау цауты тыххæй фæсивæдæн дзурын, цæмæй æгас горæты трагеди рох ма уа. Ленинград æрхъулайæ ссæрибар кæныны боны кадæн арæзт æппæтуæрæсеон акци «Æрхъулайы дзул» цæуы Цæгат Ирыстоны. Йæ фæлгæты полиграфи æмæ дизайны Технологон колледжы студенттæн сæ зæрдыл æрлæууын кодтой уыцы уæззау цаутæ.
Ленинграды блокадæ ахаста 1941-æм азы 8-æм сентябрæй 1944-æм азы 27-æм январьмæ – 872 боны. Фæмардысты милуан адæймагæй фылдæр, уыдонæй уазал æмæ стонгæй сæ 97%. Стыр зиан æрхастæуыд культурон æмæ социалон объекттæн. Æппæт ацы цауты тыххæй цыбыр лекцийы фæлгæты радзырдтой æрыгон адæмæн. Сывæллæттæн равдыстой дзулы 125 граммы. Уый бæрц хауд суткæмæ цæрджытæм фыццаг зымæг. Ныр уый сси Ленинграды æрхъулайы символ.
Дзæуджыхъæуы фæзуатыл акци ацыд Æхсæнадон штабы æххуысæй. Йæ аразджытæ Адæмон фронты регионалон хайад, фæсивæды уæрæсейаг цæдис æмæ «фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ» фонд.
















