Либералон демократон парти бахаста хъæппæрис ОСАГО-йы фæдзæхстады бадзырды æмгъуыд иу мæйы онг фæкъаддæр кæнын. Министры кабинеты ног закъоныпроектимæ разы у.
Уый тыххæй фехъусын кодта премьер-министр Михаил Мишустин. Йæ ныхæстæм гæсгæ фракцийы уæнгтæ арæх се ргом `здахынц уæрæсейæгты курдиæттæм. Се ‘хсæн ОСАГО бафыссыны æууæлтæ. Фæлхасгæнджытæн сæ бон у равзарын полисæй иу мæймæ, кæнæ афæдзы онг спайда кæнын. Премьер куыд зæгъы, афтæмæй цæрджытæй бирæтæ сæ хæдтулгæтæй пайда фæкæнынц æрмæст сæрдыгон, уымæ гæсгæ сæ фæндид фæдзæхстадон хæрдзтæ фæкъаддæр кæнын.
















