Сыгъдӕг уӕлдӕф, ног хабӕрттӕй дзаг хызын ӕмӕ, дӕ фӕзындмӕ алы хӕдзары дӕр кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уый ӕмбарынад. Людмила Кокова Хуымӕллӕджы постхӕссӕгӕй кусы 20 азӕй фылдӕр. Алы райсом дӕр райдайы газеттӕ, журналтӕ уарынӕй ӕмӕ балцвæд снысан кӕнынӕй.
Людмилӕ йӕ дӕсныйады тыххæй дзуры зӕрдиагӕй, йӕ фӕндаг райдыдта 2005 азы ӕмӕ уайтагъд бауарзта йӕ куыст – аргъ кӕны адӕмимӕ йæ хорз ахастдзинæдтæн, уыимæ ма йын æхсӕнадӕн пайда хӕссын æхсызгон у.
Бæрнон уæвынæй уӕлдай ма постхӕссӕг хъуамæ уа фæразон. Æрвылбон, цыфæнды боныхъæды дæр Людмилӕ фистӕгӕй фӕцӕуы 2 сахаты иуырдӕм ӕмӕ уый бӕрц фӕстӕмӕ.
Ацы аз Людмила Кокова фыццаг хатт архайдта ӕппӕтуӕрӕсеон конкурс “Земский почтальон”-ы ӕмӕ сси финалисткӕ. Ныр республикӕйы номæй ацæудзæн федералон къæпхæнмæ Мӕскуымæ. Ӕдӕппӕтӕй æгас бæстæйæ дзы архайдтой 3 мин конкурсантæй фылдæр. Се ‘хсæн Цӕгат Ирыстоны 30 минæвары. Уыдон сты постхӕсджытӕ, 50 мин адӕймаджы онг кӕм ис ӕмӕ ӕппынкъаддӕр афӕдз кӕуыл цӕуы, ахӕм цӕрӕн бынӕтты чи кусы, ахæмтæ.
Интернет-хъæлæскæнынады хатдзӕгтӕм гӕсгӕ сбӕрӕг уыдзæн “Адӕмон постхӕссӕг”. Уый райсдзӕн приз 150 мин сомы. Конкурсы сӕйраг уӕлахиздзауы равзардзысты Мӕскуыйы финалы. Æмбæлдзæн ын лæвар 250 мин сомы. Мадзаларазджытӕ – парти “Иугонд Уæрæсе”, нымæцон райрæзты, хъæууон хæдзарады министрадты ӕмӕ посты бастдзинады федералон операторты ӕххуысӕй.
















