Ам зӕрдыл дарынц ӕмӕ аргъ кӕнынц хъӕбатырты сгуыхтдзинӕдтӕн. Сӕ лӕгдзинад сын фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ хӕссынц. Мӕздӕджы дарддӕр кусынц агурӕг къордтӕ. Базонынц, чи фӕмард, уыцы салдӕтты нӕмттӕ ӕмӕ ӕрӕмбырд кӕнынц хӕсты архайджыты мысинӕгтӕ. Бынӕттон цӕрджытӕн истори хъахъхъӕнын фыдӕлтӕй баззад.
Ветерантӕ скъоладзаутӕн лекцитӕ саразынц. Рвдисын сын архивон документтӕ ӕмӕ радзурынц, Берлинмӕ чи бахӕццӕ, уыцы ӕмзӕххонты тыххӕй. Уыдонӕй иу — Михаил Артюхов. Райгуырд Мӕздӕджы ӕмӕ уыд 150-ӕм ӕхсӕг дивизийы политхайады хицау. Раст уыцы дивизийы салдӕттӕ систой Рейхстагыл Уӕлахизы Тырыса.
Мӕздӕджы хӕстон истори райдыдта Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕстӕй бирӕ раздӕр. Горӕт сарӕзтой куыд фидар Уӕрӕсейы хуссар арӕн бахъахъхъӕнынӕн ӕмӕ куыд ахсджиаг фӕндаг Кавказмӕ. Уымӕ гӕсгӕ 1942 азы сси хъахъхъӕнынады ахсджиаг арӕн. Ам хъуамӕ баурӕдтаиккой немыцаг ӕфсӕдты. Æмæ Мӕздӕджы стратегион уавӕр баххуыс кодта ӕппӕт регион бахъахъхъӕнынӕн дæр.
Мӕздӕджы сӕрыл тох цыдис 4 мӕйӕ фылдӕр. Немыцаг ӕфсӕдтӕ бацахстой горӕт. Ам цы цаутæ уыд, уыдоны тыххæй дзырдтой радиойӕ ӕмӕ фыстой бӕстӕйы сӕйраг газетты. 1943 азы 3 январы советон ӕфсӕдтӕ суӕгъд кодтой горӕт. Цалдӕр боны фӕстӕ та Мӕздӕджы скуыста пост. Цӕрджытӕ райдыдтой сахар ногӕй аразын ӕмӕ фронтӕн ӕххуыс кӕнын.
Мӕздӕджы цӕрджытӕй 8 райстой Советон Цӕдисы Хъӕбатыры ном. Мӕздӕг хӕссы кадджын ном “Хӕстон ӕхсары цӕрӕн бынат”. Уый бӕлвырд кӕны, горӕт хъахъхъӕнджыты сгуыхтдзинад кӕй никуы ферох уыдзæн, уый.
















