Зынгхуыссæджы куыст зæрдæйæ куы нæ уарзай, дæ цард раттынмæ цæттæ куы нæ уай, уæд дын хайады бынат нæй. Афтæ фæдзæхста паддзахады рæстæджы зындгонд зынгхуыссынгæнæг Эдуард Лунда – йæ ныхæстæ абон дæр разæнгард кæнынц Мæздæджы цыппæрæм хайады кусджыты. Ацы кусæндон у Цæгат Ирыстоны фыццæгтæй иу. Фæзындис 12-æм апрелы 1862 азы.
Æфсæддон фидарæй Мæздæг Цæгат Ирыстоны райрæзт стыр сахармæ. Зынгхуыссынгæнæн хайад куы нал фаг кодта, уæд ма ноджы иу байгом кодтой. Кусджытæй цух не ййафы. Æппæты дæрддзæф районы архайынæн йæ сæйраг зындзинад у йæ бынат. Быдыры уæлдæфы температурæ алкæддæр вæййы 5-10 градусы уæлдæр. Æмæ уый та ууыл дзурæг у æмæ ам хус кæрдæг арæхдæр ссудзы.
Æрдзон зынгсирвæзт æнцæонтæй бахæццæ вæййы цæрæн бынæттæм. Уалдзæджы тыхджын къæвдаты тыххæй кæрдæг тынг сырæзт, суанг метры онг ссыд. Сæрдыгон æнтæф рæстæг арæх йæхигъæдæй ссудзы. Фæлæ хус кæрдæг зынгсирвæзты сæйрагдæр ахоссаг нæу.
Ноджы ма фермертæ бандзарынц быдыр æфснайæны фæстæ цы баззайы уыдæттыл. Ахæм æфснайæн зиутæ æфтауынц куыст зыгхуыссынгæнджытæн. Æрвылбон сæм фæхабар кæнынц 15 фыдбылызы тыххæй. Сергей Осовин цыппæрæм хайады кусы 30 азæй фылдæр – райдыдта шофырæй, ныр та у хайады хицау. Йæ ныхасмæ гæсгæ, кæм куыст, кæм та хæдзар нал иртасы. Сергей зæрдиагæй уарзы йæ дæсныйад, æмæ йæ хоны зæххы цъарыл хуыздæр.
Мæздæджы зынгхуыссынгæнæн æмæ ирвæзынгæнæн цыппæрæм хайад ныр 13 азы нымад у Цæгат Ирыстоны хуыздæрыл. Республикæйы æппæты дарддзæф районмæ æхууыс æрæгмæ бахæццæ вæййы. Зæгъæм, Дзæуджыхъæуæй фæндаг ахсы дыууæ сахаты. Уæззау уавæры специалисстæ æрмæст сæхиуыл фенцой кæнынц æмæ сахуыр сты æппæт зындзинæдтимæ дæр бындуронæй тох кæнын.















