10 азы дæргъы Мæздæджы уадзынц сæрмагонд уæлæдарæс. Хуыйынц æй нысангонд домæнтæм гæсгæ. Ныридæгæн фабрикæйы кусджытæ Украйнæйы сæрмагонд операцийы æфсæддонтæн цæттæ кæнынц формæ. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.
Технологон бакуысты архайынц машинæты хуызтæ иууылдæр. Алы хуыйæг дæр сæ зоны пайда кæнын. Пандемийæ кусджыты æрбангом кодта. Сæ куыст зæрдæргъæвдæй æххæст кодтой иу нысанимæ – низы рæстæг хъæугæ æмæ пайда уæвын. Анжела Герасименко ацы куыстуаты фыдæбон кæны 7 азы. Фидарæй йæ зоны, хъуымацуафæн кондады алы кусæг дæр хъæугæ кæй у.
Уæлæдарæсы ногдзинæдтимæ æмдзу кæнын у кондадæн йæ ахсджиагдæр хъуыддаг. Мæздæджы фабрикæйы æрхъуыды кæнынц æмæ уадзынц сæрмагонд нысаниуæгимæ уæлæдарæс. Æфсæддон формæ хъуамæ уа æнцондард, дзуапп дæтта рæстæджы домæнтæн. Ууыл архайынц кусджытæ. Пайда кæнынц нырыккон кусæнгæрзтæй. Цæттæ сты пайдагæнджыты алы домæн æххсæт кæнынмæ.
Сæрмагонд уæлæдарæс хуыйын у куыстаты сæйраг фæзылд. Æлхæнæг дæр сын ис. Уæлдайдæр фæстаг рæстæг. Бацагурынц сæ, Украинæйы сæрмагонд операцийы цы æфсæдонтæ архайынц, уыдонæн. Æрвылбон ахæм уæлæдарæс хуыйынц 50 адæймаджы. Сæ къухвæллойæ ахæм дзаума цæуы мингайттæй. Æрвитынц сæ æфсæддонтæн. Æмæ кæд сæ куысты къуылымпыдзинæтæ æййафынц, уæддæр зæрдæ æвæрынц, ацы куыст дарддæр кæй хæццæ кæндзысты, уымæй.
Куыстуаты лыггæнинаг фарстатæ аиуварс кæнын æнцон нæ уыдзæн. Фæлæ фабрикæйы разамынды уырны, сæ размæ æвæрд нысантæ кæй баххæст кæндзысты, уый. Мæздæджы хуыйджыты кондад размæ ракæнынæн сæ бахъуыд 10 азы. Фидæны фæнд кæнынц куыстуат рапарахат кæнын. Уый руаджы фæзындзæн ноджы фылдæр куысты бынæттæ дæр.
















