Донбассы сывæллæтты суазæг кодтой Мидхъуыддæгты министрады историйы музейы. Бацæттæ сын кодтой сæрмагонд программæ. Базонгæ сæ кодтой Цæгат Ирыстоны барадхъахъхъæнджыты оргæнты историимæ, суанг Аланты заманæй райдайгæйæ. Фæсивæд аргъ скодтой рагон дзауматæн.
Уымæй уæлдай федтой историон документтæ, къамтæ, мыдадзын фигурæтæ, хæцæнгæрзтæ. Экскурси расидтысты парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Алагиры бынæттон хайады.
















