Цæгат Ирыстоны уыд Дзæуджыхъæуы чемпионат къæдзæхтыл бырынæй. Ерысты архайдтой 60 адæймагæй фылдæр. Архайджыты хсæн уыдысты куыд профессионалон æмæ хæдахуыр спортсментæ афтæ сывæллæттæ дæр. Дыууæ боны дæргъы спортсментæ тох кодтой хуыздæры ном райсыныл.
Сæ тыхтæ не `вгъау кодтой. Дзæуджыхъæуы турнир сарæзтой æртыккаг хатт. 2020 азы къæдзæхтыл бырыны спорты хуыз баххæсдзысты Олимпаг хъæзтыты хыгъдмæ. Мадзал аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй цæгатирыстойнаг спортсментæн æппæт фадæдтæ дæр ис цæмæй Уæрæсейы иугонд командæмæ бахауынмæ.
















