Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академи сси фыццаг уæлдæрахуыргæнæндон нæ республикæйы, велосипедтæ æрæвæрæн сæрмагонд бынат кæм ис, ахæм. Сарæзтой йæ проект «Поехали вперёд»-ы фæлгæты. Хæрдзтæ та бафыстой гранты руаджы. Рамбылдта йæ педиатрон факультеты 3-аг курсы студенткæ Виктория Лагунова. Йæ проект та равдыста форум «Машук»-ы. Проекты сæйраг хæс у велосипедон инфрструктурæ дзæуджыхъæуы рæзын кæнын, стæй æнæниз цардыуаг горæт æмæ республикæйы цæрджыты ‘хсæн парахат кæнын. Велосипедон транспорт рагæй дæр æгас дунейы нымад у экологон æгъдауæй æппæты æдасдæрыл, стæй æнæниздзинадæн дæр ахъаззагдæрыл.
Уыимæ ма горæты тыхджын змæлды уавæрты велосипедыл тагъддæр бахæццæ уæвын ис хъæугæ бынатмæ, стæй у бюджетон транспортыл нымад. Уый та студенттæн уæлдай ахсджиаг у. Парковкæйы ис сæрмагонд QR-кодтæ. Камерæ сæм куы ныддарай, уæд ис проекты мидисимæ базонгæ уæвын. Тагъд рæстæджы та медакадемийы студенттæн сараздзысты велосипедтыл иумæйаг дугтæ.
















