Нæ дарддæры æрмæджы та уæ базонгæ кæндзыстæм курдиатджын боксёр Милдзыхты Батразимæ. Уый рингмæ рахызт дыууæ азы размæ. Ныридæгæн хорз æнтыстдзинæдтæ æвдисы спорты. Йæ тренерты ныхæстæм гæсгæ йын боксы æппæтадæмон æмвæзады хорз фидæн хъуамæ уа. Æрæджы Уæрæсейы чемпионаты дæр йæхи хорз равдыста.
Милдзыхты Батраз рингмæ рахызт дыууæ азы размæ. Фыццаг тренировкæйы фæстæ йæ тренер бамбæрста ног хъомылгæнинаг йæхи хорз кæй равдисдзæн, уый. Æппæлыны аккаг кæй у æмæ йыл стыр ныфс кæй æвæрдтой, уый лæппуйы ноджы тынгдæр разæнгард кодта. Ныр Батраз залмæ куы бахизы, уæд æй фидарæй зоны, раст фæнагыл кæй лæууы, уый.
Дзюдомæ раздæхыны хъуыды дæр æм фæзынд, фæлæ йæ бон ринг ныууадзын афтæ дæр нал сси. Æрæджы Милдзыхты лæппу архайдта Уæрæсейы ерысты 92 килограммы уæзы онг. 4 хатты дзы рингмæ рацыд æмæ республикæйæн рамбылдта æвзист майдан. Батраз йæхи тынг бæстонæй цæттæ кодта ацы ерыстæм, фæлæ дзы æнæ рæдыд дæр нæ рауад. Тæрхонгæнæджы уынаффæйы фæстæ, кæй зæгъын æй хъæуы, гыццыл æрæнкъард ис. Спортсменæн æнцон нæ вæййы хæрд кæнын. Фæлæ уæддæр йæхицæн дзырд радта, ноджы фылдæр йæ техникæйыл кæй кусдзæн.
Профессионалон боксёр æй суæвын фæнды, æви нæ, уый Батраз бæлвырд нæма зоны. Тагъд рæстæджы йæ хъæуы уæлдæр ахуырад райсын. Ныртæккæ хъуыды кæны, цы факультетмæ бацæуа, ууыл. Ахуырæн дæр æмæ спортæн дæр ын йæ царды ис хицæн бынат.
Тренертæ дæр куыд нæ цин кæной сæ хъомылгæнинæгты æнтыстдзинæдтыл. Джиоты Хъазыбеджы ныхæстæм гæсгæ, Батраз у хъæддых адæймаг, цы нысан сæвæра йæ размæ, уымæ тырны кæронмæ. Ерыстæм æмбырдтæ цыдысты дыууæ къуырийы. Уæд дæр хорз хатдзæгтæ æвдыста. Фæлæ рæдыдтытæ дæр тренерæй нæ бамбæхсдзынæ.
Батраз йæхиуыл нæ ауæрды нæдӕр спорты, нæдӕр ахуыры. Фыццаг уæвын куы фæнда адæймаджы, уæд æнæ уымæй гæнæн нæй. Батраз дæр уымæ тырны. Хæстæгдæр бонты йе ‘нæниздзинады уавæр сбæрæг кæндзæн. Дарддæр та ацæудзæн спортивон æмбырдтæм Кисловодск æмæ Сочимæ. Уый фæстæ та архайдзæн хæдбар паддзахæдты цæдисы чемпионаты.
Биджелты Бертæ
















