Фæстаг цалдæр къуырийы республикæйы газы артаджы аргъыл бафтыд. 18 сомæй схызт 23 сомы онг. Сæвзæргæ уавæр хæдтулгæты хицæутты тыхсын кæны. Сæ хъаст бахастой дзуапдæттæг ведомствотæм.
Артаджы станцæйы таблойыл газы аргъы нымæцтæ æппынæдзух ивынц. Ныртæккæ газы артаджы литр кæны 22, 23 кæмдæрты та 24 сомы. Æртæ къуырийы размæ газы артаджы аргъ уыд 18 сомы. Хæдтулгæты хицæуттæн ахӕм уавæр сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы.
Елдзарты Дауырбег дыууæ къуырийы размæ рахызт газы артагмæ. Афтæмæй йæ фæндыд æхца фæфæстауæрц кæнын. Фæлæ ахæм æргътимæ, æвæццæгæн, йе ‘хца йæ дзыппы бирӕ нæ фӕстиат кӕндзӕн.
Специалистты ныхæстæм гæсгæ, æмткæй райсгæйæ, газæй артаджы аргъыл бафтыд 20-æй 30% онг. Уавæрмæ æппынæдзух сæ цæст дарынц Адæмон фронты активисттæ. Шофыртæй хъæстытæ æрбацыд æххæстгæнæн комитетмæ дæр.
Газы ӕргътӕ кӕй рӕзынц, уый баст у артаджы куыстгӕнӕг заводтимӕ. Ӕрвылаз дзы цалдӕр бахъӕуы бауромын профилактикон куыстыты тыххӕй.
Экономикæйы райрæзты министрады куыд бамбарын кодтой, афтæмæй газы артаджы базарады уавæрмæ æппынæдзух æргом здæхт цæуы. Артаджы аргъыл ахадынц транспортон хæрдзтæ. Фæлæ уавæр куы февзӕрдæр уа, уæд дзуапдæттæг ведомствотæ æмбæлгæ уынаффæ рахæсдзысты. Рæстæгимæ баст уавæр тагъд хуыздæры ‘рдæм фæивдзæн.
















