Мин бинонтæй фылдæрӕн Цæгат Ирыстоны снысан кодтой мадæлты капиталы фылдӕр бӕрц. Ныр у 690 мин сомæй чысыл фылдæр. Ахæм æххуыс æмбæлы, дыккаг æмæ фылдæр сывæллæттæ кæмæн райгуырд, кæнæ, сывæлæтты хæдзарæй хъомылкæнынмæ саби чи райста 2020-æм азы фæстæ, уыцы бинонтæн. Афтæмæй сын раздæр мадæлты капитал нысангонд кæд не ‘рцыд, уæд.
Сывæллон куы райгуыры, уæд Пенсион фонд электронон хуызы снысан кæны сертификат æмæ йæ арвиты ныййарджыты хи кабинетмæ Пенсион фонды сайты, стæй паддзахадон лæггæдты порталы. Уый фæстæ бадæттæн ис курдиат мадæлты капиталы фæрæзтæй спайда кæныны фæдыл. Адæмы æнцойдзинадæн ныр цалдæр азы Пенсион фонд бафыссы сæрмагонд информацийæ кæрæдзийæн хай кæныны бадзырдтæ банктимæ æмæ ахуырадон уагдæттимæ. Афтæмæй ныййарджытæн сæ бон уыдзæн æнцондæрæй фæрæзтæй спайда кæнын – сæ цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæнын, стæй сывæллæтты ахуырадæн бафидын.
















