Уæлæмхасæн æххуыс райсдзысты промышленносты дæлхайадтæ дæр. Министрты кабинет ацы къабазæн рахай кæндзæн 2 млрд сомы бæрц грантты хуызы. Æххуыс райсын йæ бон уыдзæн баххæстгæнæн дзауматы конструкторон гæххæттытыл чи кусы, уыдонæн.
Афтæмæй, цы æхцайы фæрæзтæ фæнд кæнынц рахай кæнын, уыдоны нымæц уыдзæн 7 млрд соммæ ‘ввахс. Уый руаджы уыдзæн 150 проекты бӕрц сæххæст кæнын. Медицинæ, социалон æххуыс, реабилитаци, уыимæ артаджы къабæзты.
















