Мызды æппынкъаддæр æхцайы бæрц иннæ азæй уыдзӕн 13 мин 600 сомæй фылдæр. Афтæмæй 3 милуан адæймаджы æфтиæгтыл бафтдзæн. Уый тыххæй фехъусын кодта премьер Михаил Мишустин хицауады радон æмбырды.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Уæрæсейы президент Владимир Путины ивгъуыд аз декабры ног бардзырд. Закъонмæ гæсгæ мызды æппынкъаддæр æхцайы бæрц ныр аразгæ у фæлхасгæнæн чыргъæдæй нæ, фæлæ адæмы æфтиæгты рæстæмбис бæрцæй. Уый у рӕстӕмбис ӕфтиӕгты бӕрц, ӕмӕ адӕмӕн се ‘рдӕг исы уымӕй кьаддӕр, иннӕ ‘рдӕг та – уымӕй фылдӕр. Закъоны ма сфидар кодтой ног домӕнтӕ.
Ног ивддзинӕдтӕм гӕсгӕ, мызды ӕппынкъаддӕры бӕрц иннӕ аз хъуамӕ ма уа куыстхЬом адӕмы фӕцӕрынӕн ӕппынкъаддӕры бӕрцӕй ныллӕгдӕр иумӕйагӕй ӕнӕхъӕн бӕстӕйы.