preloader
сейчас в эфире
04:51
МУЛЬТФИЛЬМЫ 0+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
Музыкæ 12+
05:10
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
05:30
МУЗЫКӔ 12+
ТВ ПРОГРАММА
МУЛЬТФИЛЬМЫ 0+
close

Мызуры цæрджытæ хъыгдарынц æрзæткъахæн фабрикæйы хауæтдзæгтæ

7.09.2023 19:50

Ныр цалдæр азы дæргъы куыстуат у æхгæд, фæлæ уæззау хауæтдзгтæ ныридæгæн дæр æвзæрырдæм ахадынц цæрджыты æнæниздзинадыл.

Мызуры æрзæткъахæн фабрикæ байгом сæдæ азы размæ. Куыстой дзы зды æмæ æрзæтыл. Афæдзмæ дæсгай мины бæрц. Ныр цалдæр азы дæргъы куыстуат у æхгæд, фæлæ уæззау хауæтдзгтæ ныридæгæн дæр æвзæрырдæм ахадынц цæрджыты æнæниздзинадыл. Фарста аиуварс кæныны курдиатимæ цыдысты алыхуызон бæрнон кусджытæм. Фæлæ хъуыддаг фæивын нæ бантыст. Æххуысы фæдыл фæсидтысты Адæмон фронтмæ.


Мызуры цæрджытæ тæрсынц се ‘нæниздзинадæн. Нал сын æххуыс кæны хæххон уæлдæф дæр. Йæ алыварс цы æрдз ис, уый та зианхæссæг химион буаргъæдты бын фæцис. Адæмы ахæм уавæр тыхсын кæны. Дæсгай азты Мызуры куыста æрзæткъахæн фабрикæ. Ацы рам ма-иу дыккаг хатт бакуыстой “Электроцинчы” промышленнон хауæтдзæгтыл. Фабрикæ æхгæд æрцыд, фæлæ æнæниздзинадæн тæссаг буаргъæдтæ баззадысты йæ фæзтыл. Æмæ, æвæццæгæн, хъыгдарынц æрмæст бынæттон цæрджыты.

Фабрикæ æрбынат кодта цæрæн хæдзæрттæм хæстæг. Чысыл дымгæ дæр куы радымы, уæд здыйы рыджы бын фæвæййынц. Хæххон бынæтты дымгæ æппынæдзух зилдух кæны, афтæмæй цæрджытæ се ‘нæнинздзинадæн тæссаг уавæрты цæрынц. Рудзынг байгом кæнын æмæ сыгъдæг уæлдæф æрбауадзын цы у, уый амы адæм ферох кодтой. Суанг ма уæлæдарæс дæр хурмæ хус кæнынмæ нæ ацауындздзынæ, здыйы рыг ницæуыл ауæрды. Химион буаргъæдтæ æрмæст дымгæйы аххосæй нæ парахат кæнынц.

Ацы фарста аиуварс кæныныл цæрджытæ архайынц цалдӕр азы. Фыстой алыхуызон дзуапдæттæг ведомствотæм.

Цæрджыты фарсмæ балæууыдысты Адæмон фронты минæвæрттæ. Уыдон дæр архайынц фарста аиуварс кæныныл.

Экспертты ныхæстæм гæсгæ зианхæссæг химион буаргъæдтæ зæххы иу метры бæрц бынмæ ахъардтой. Мæр ссыгъдæг кæнæн ис цалдæр хуызмæ гæсгæ. Æппæтты æнцондæр æмæ тагъддæр у зæххы уæлцъар сисын æмæ йӕ тӕвды ауадзын. Ахæм хуызы уæззау металлтæй сулæфдзæн. Ацы хуызæй ам бынаты спайда кæнæн ис æви нæй, уый сбæрæг уыдзæн сæрмагонд иртæстыты фæстæ.

Ныртæккæ цæрджытæ æнхъæлмæ кæсынц лабораторон къамисы хатдзæгтæм. Уый бынаты уыд афæдзы ‘рдæджы размæ. Адæмон фронты активисттæ сæ фиппаинæгтæ фæхæццæ кæндзысты республикæйы æрдзон æвæрнты министрадмæ.

ДЕЛАЕМ ГОРОД КОМФОРТНЕЕ
Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Лика Елизарова I Профессиональный путь
16.06.2026
16.06.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
16.06.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 1: Осетия в контексте палеолита | «Ossetica»
15.06.2026
15.06.2026 I Самое время
15.06.2026
Женский футбол | Доброе утро, Осетия!
15.06.2026
Заболевания легких I Медикум
14.06.2026
В итоге: 14.06.2026
14.06.2026
Борӕнты бинонтӕ I Дзӕнгӕрӕг
14.06.2026
Къостанты I Бинонтӕ
13.06.2026
Вячеслав Багаты I Статус тренер
13.06.2026
Гости с берегов Черного моря I Гвардия
13.06.2026
Алан Саламов | По большому счёту
12.06.2026
День России | Праздничный эфир
12.06.2026
Автоматизация I Бизнес сфера
11.06.2026
Купальный сезон в республике, сотрудничество между Тугановским и Всероссийским музеем декоративно-прикладного искусства, актуальные новости прошедшей недели | Самое время
11.06.2026
Все рекомендуемое