Скъолаты хъарм хæринаджы менюмæ бахастой ивддзинæдтæ. Ныр æй нысан кæндзысты 20 бонмæ. Æнæивгæ сты хойрæгты хæрзхъæддзинадмӕ домӕнтӕ. Сæйрагдæр сабитæн пайдаимæ хæринæгтæ цæттæ кæнын. Уыимæ ма сæ хыгъд фæфылдæр. Хъуыддаг æппынæдзух бæрæг кæнынц хистæртæ. 4-æм æй 15-æм сентябрьмæ Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы снысан кодтой æвæстиаты бастдзинады номыр. Сæрмагондæй йæ байгом кодтой ныййарджытæн, цæмæй скъолаты хъарм хæрианджы уавæры фæдыл сæ хъуыдытæ дзурой.
Бон сихормæ фӕхæстæг æмæ скъолайы сабитæ хæрæндонмæ ныййарц сты. Ам сæм æнхъæлмæ кæсы хæрзад хæринаг. Уый тыххæй къæбицы сæумæрайсомæй фæстæмæ змæлынц хæринаггæнджытæ. Уыдон сабиты æрбацыдмæ фынгтæ æрæвæрынц. Алы сывæллон дæр хъуамæ хæринаг хъармæй æрбаййафа.
Хæринаггæнджытæй алкæмæндæр йæхи куыстытæ ис. Фæлæ сæйрагдæр у сывæллæтты хæрзад хæринæгтæй сбуц кæнын. Æмæ сын æнтысгæ дæр кæны. Ууыл дзурæг сты скъоладзауты фæстæ афтид фынгтæ. Сабитæй се ‘ппæт алы хæринаг нæ хæрынц, уымæ гæсгæ хъæуы бацархайын, цæмæй иу сывæллон дæр æххормагæй ма баззайа.
Алцæмæй æххæст меню снысан кæнынц 20 бонмæ. Тæвд сихортæ Дзæуджыхъæуы 17-æм скъолайы хӕрынц райдиан кълæсты ахуырдзаутæ. Æдæппæтæй 246 сывæллоны. Хъыгдард æнæниздзинадимæ æмæ бирæсывæллонджын бинонты сабитæн æмбæлы лæвар сихортæ. Хæринагимæ баст хъуыддаджы скъоладзаутæ æмæ ныййарджыты фиппаинæгтæм лæмбынæг хъусынц. Базонынц сын сæ хъуыдытæ. Сæйрагдæр у, цæмæй саби хæрæндонæй рацæуа хорз зæрдæйы ахастимæ.
Хæрæндоны фынгтæ фæхъæздыгдæр сты. Ног менюйы фæзынд хъӕбынтӕ, дзидзайы хайттӕ, стуры фыдæй гуляш. Сихоры хæринæгты хыгъды ма фенæн ис италиаг хъæрмхуыпп æмæ хъайла, гогызы æнæстæг дзидзайæ плæу. Æппæт продукттæ дæр скъолатæм ласы Дзæуджыхъæуы хойраджы комбинат. Уым бакусынц рационыл дæр. Уæлдай æргом здæхт цæуы, цæмæй сихорты фаг уа белок, сой æмæ углеводтæ. Фылдæр хатт афтæ рауайы, æмæ сабитæ кæсагмæ æвналгæ дæр нæ бакæнынц. Уый та рæзгæ сывӕллоны æнæмæнг хъæуы. Специалистты амынддзинадмæ гæсгæ йæ райдыдтой æндæр хуызы цæттæ кæнын.
Хæрæндоны кусджытæ уæлдай æргом здахынц санитарон домæнтæ æххæст кæнынмæ. Æппынæдзух бæрæг кæнынц хойраг. Алцыдæр нысангонд фæткмæ гæсгæ. Алы сменæйы дæр хæрзæфснайд бакæнынц. Хæринаг куыд цæттæгонд, куыд æвæрд цæуы, уымæ дӕр уæлдай бæрнон цæстдард ис. Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы та скъолайы хæрды фарстаты фæдыл снысан кодтой æвæстиаты лини.
Цалынмæ специалисттæ нысангонд менюйы фæдыл ныййарджытæн бæстон дзуæппытæ дæттой, уæдмæ сабитæ згъордзысты хæрæндæттæм хæрзад сихоры фæдыл, цæмæй сæм зонындзинæдтæ исгæйæ фаг тыхтæ уа.
















