Нæ бæстæйы ацы аз 200 вокзалæй фылдæр сифтонг кæндзысты ног автоматикон æвæрæн камерæтæй. Се ‘хсæн Дзæуджыхъæуы вокзалтæ дæр.
Ног сервисмæ гæсгæ фидгæ у багажы бынæтты нымӕцмӕ гæсгæ нæ, фæлæ цы чырæбынатӕй пайда кæнынц бæлццæттæ, уымæн. Багаж цæййас у, уымæ гæсгæ равзарæн ис стандартон, гыццыл уӕрӕхдӕр æмæ стыр чыр. Уыимæ йын фидӕн дæр ис, цал сахаты дзы пайда кæныс, уымæ гæсгæ.
Ацы ног лæггад, фыццаджыдæр, хорз уымæй у, æмæ бæлццæтты рады лæууын нæ хъæуы. Алчидæр йæхицæн йæхæдæг æвзары, цавæр чыры æвæры йæ багаж æмæ йын йæхæдæг фиды æнæ искæй æххуысæй. Уый ‘руаджы рæстæг дæр къаддæр хардзгонд цæуы.
















