preloader
сейчас в эфире
10:38
КУЫД ЗÆГЪАЙ, АФТÆ! 12+
Смотрите Далее
11:20
ЗАЩИТНИКИ 12+
12:30
Музыкæ 12+
13:00
ХАБӔРТТӔ 12+
13:15
КУВÆГ ИР 12+
13:40
ТОЧКА ОТСЧЕТА 12+
ТВ ПРОГРАММА
КУЫД ЗÆГЪАЙ, АФТÆ! 12+
close

Нартыхъæуы скъолайы ахуырдзаутæ йæ хорз зонынц халсартæ æмæ дыргътæ куыд æрзайын кæнын хъæуы, уый

20.06.2025 13:54

Нартыхъæуы скъолайы ахуырдзаутæ йæ хорз зонынц халсартæ æмæ дыргътæ куыд æрзайын кæнын хъæуы, уый. Æппæт лыстæгдзинæдтæ сын амонынц сæ ахуыргæнджытæ….

Нартыхъæуы скъолайы ахуырдзаутæ йæ хорз зонынц халсартæ æмæ дыргътæ куыд æрзайын кæнын хъæуы, уый. Æппæт лыстæгдзинæдтæ сын амонынц сæ ахуыргæнджытæ. Ныртæккæ æвзонг зæхкусджытæ куынæг кæнынц хæмрæлгæрдæг. Уый тыххæй хуымты ‘хсæн тауынц карст кæрдæг. Сæхæдæг сæвæрдтой донпырх кæнæн системæ дæр. Фæсивæд быдырты цæуынц практикæ, ацы сæрд ныссагътой хъæууонхæдзарадон 15 культурæйы.

Нас, картоф, пъæмидор, цывзы, баклажан, нартхор, басгæрдæг, цæхæра æмæ æндæртæ. Чызджытæ æмæ лæппутæ мыггæгтæ сæхæдæг ныссагътой. Талаты уавæрмæ кæсынц æппынæдзух, хуымты фæллой кæнынц сæ тыхтыл æмæ рæстæгыл нæ ауæрдгæйæ. Аграрон къласы ахуырдзаутæ сæ цард цы къабазимæ сбæтдзысты, уый рагацау зонынц. Сæ фылдæр ныридæгæн равзæрстой уæлдæр ахуыргæнæндон æмæ факультет.

Зайæгойтæм зилын æнцон нæу. Фæсивæды зонгæ кодтой куысты сусæгдзинæдтимæ. Сæхи цæттæ кодтой афæдзы дæргъы. Ахуыртæ цыдысты Хæххон паддзахадон аграрон университеты. Аграрон кълæстæ сты дыууæ министрады иумæйаг проект — ахуырады æмæ хъæууон хæдзарады. Педагогтæ йæ фидарæй зонынц, ахæм гæнæнты фæрцы фæсивæд æнцонæй æвзардзысты фидæны дæсныйад.

Æмткæй ивгъуыд азæй национ проект “Фæсивæд æмæ сывæллæттæ”-мæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны байгом кодтой 11 профилон агрокъласы. Æмæ специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахуырдзаутæ æвдисынц хорз бæрæггæнæнтæ. Сывæллæттæн сæ каникултæ ацæуынц хъæлдзæгæй æмæ пайдаимæ. Ныр та æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсынц фыццаг тыллæгмæ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
24.06.2026 | Национальные интересы
24.06.2026
Тамара Щукина I Дело мастера
24.06.2026
«Право на риск. Отрасль с нуля» I Точка отсчёта
24.06.2026
Переливание крови I Доброе утро, Осетия!
24.06.2026
Поэзийы театр æмæ балалайкæйы бон I Йæ рæстæгыл
23.06.2026
Искусственный интеллект — помощь или угроза?
23.06.2026
Куырттаты ком I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
23.06.2026
Фæрниаты Райæ I Фæрдгуытæ
22.06.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 2: врачевание на Кавказе, поздняя бронза – раннее железо / Ossetica
22.06.2026
22.06.2026 I Самое время
22.06.2026
Поиск себя I Доброе утро, Осетия!
22.06.2026
«Булат» | К 90-летию Булата Газданова
21.06.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 21.06.2026
21.06.2026
В итоге: 21 июня
21.06.2026
Гвардия I 20.06.2026
20.06.2026
Все рекомендуемое