“Спартак” цæттæ кæнынц техникон æгъдауæй байгом кæнынмæ. Бон раздæр æй бабæрæг кодта хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Атарты Георгий. Ныртæккæ рацарæзт ис кæронбæттæн къæпхæныл.
Сæмбырд дзы кодтой æфсæнконструкциты 1 мин 500 иуæджы, сарæзтой трибунæтæ æмæ сæ бынмæ бæстыхæйттæ, сæ иумæйаг фæзуат у 22 мин квадратон метры, æмбæлгæ инженерон æмæ коммуналон инфраструктурæ дæр цæттæ у, уыимæ ма теле-радиотрансляци, хызты мониторинг. Кæрдæгфæз æмæ згъорæн фæндæгтæ дæр срæвдз сты.
Специалисттæ аив кæнынц алфамбылай территори. Фæнысан кæндзыстæм, техникон æгъдауæй байгом кæныны фæстæ райдайдзæн объект эскплуатацимæ раттыны процедурæ, уымæн разыйы дзуапп райсын хъæудзæн Уæрæсейы футболон Цæдисæй, уыимæ архайдзысты лицензи самал кæныныл дæр, цæмæй дзы бæстæйы чемпионаты матчтæ арæзт цæуой. Басгæрсты рæстæг Атарты Георгимæ фиппайнæгтæ разынд. Бабар кодта цыбыр рæстæгмæ хъæндзинæдтæ аиуварс кæнын, уыимæ ма уæлдай æргом аздахын инженерон хызты скусынмæ.
















