Райсомæй раджы райхъал дæ, балкъонмæ рацыдтæ æмæ Ирыстоны алæмæты рæсугъд хæхтæ – дæ алыварс. Рог æмæ сыгъдæг уæлдæфæй дæ риуыдзаг сулæф. Бæлæсты сыфтæрты иугæндзон сыбар-сыбур, мæргъты цъыбар-цъыбур адæймаджы зæрдæ рухс кæнынц. Ацы цымыдисаг æнкъарæнты фæдыл Ирыстонмæ мингай адæм ссæуынц. Æмæ бонæй-бонмæ фылдæр кæнынц. Республикæйы рæсугъддзинад кæм ис фенæн, уыцы бынæттæй иу у Хохы Саниба. Чысыл хæдзæрттæ дзы аразын райдыдтой фарон сентябры. Ацы аз сентябры та сæмбæлдысты фыццаг уазджытыл. Æдæппæтæй 10 коттеджы, уыдонæй 4 сты дыууæбынатон, 2 – цыппар адæймагæн, 4 хæдзары та стиль «а-фрейм»-ы, æртæкъуымонтæ, уыдоны дæр 4-гай бынæттæ ис. Алы лы хæдзары дӕр ис хицӕн хъармгӕнӕн аг, ис дзы кондиционертӕ, мидæгæй – æнцонвадат.
Хæдзæрттæ дзуапп дæттынц зынгсирвæзты ныхмæ æдасдзинады домæнтæн. Ацы æууæлтæм уæлдай æргом аздæхтой. Ардæм уагъд ис инженерон хызæгтæ дæр – хъарм æмæ уазал дон цæуынц æнæ къуылымпытæй. Æмæ хуымæтæг дон нæу.
Хæххон зæхныв ивд не ‘рцыд. Уый проектаразджытæн ахсджиаг уыд. Хæдзæрттæ лæууынц цæджындзтыл, къахвæндæгтæ та сарæзтой къуыбыртæ æмæ обæутты сæрты. Фæлæ æдасдзинадмæ куыдфæндыйы цæстæй нæ кастысты. Ам тæссаг ницæмæй у. Улæфæн бынат аив дӕр рауад æмæ æрдз дӕр нæ бахъыгдæрдта, нæ йæ бамбæхста.
Хæдзæрттæ сарæзтой гранты æххуысы фæрцы. Уый национ проект “Туризм и индустрия гостеприимства”-йы фæлгæты. Нæ республикæйы йæ æххæст кæнынц дыккаг аз. Фарон ацы хъуыддагæн рахай кодтой 130 млн сомы бæрц, ацы аз зынгæ фылдæр – 607 милуаны. Конкурсы æвзæрстытæ ацыдысты 15 амалхъом адæймаджы. Сæ проекттæ сæххæст кæндзысты 2024-æм 2025-æм азты.
Ныр царды ауадзын хъæуы ног фæндтæ. Райрæзтыл куыст ныридæгæн дæр цæуы. Аразынц дыууæ ног хæдзары, панорамон абана æмæ хæрæндон, арт кæнæн бынат, спортæй архайæн фæзуат, бассейн, сæрдыгон кинотеатр æмæ дукани. Уæдæ алы уазæджы хъуыдымæ дæр ам байхъусынц. Бафæрсынц, цы ‘нкъарæнтæ йæм сæвзæрд ам æмæ йын цы нæ фаг кодта, æфсæрмæй нæ, фæлæ хуыздæрырдæм ивддзинæдтæ саразыны тыххæй.
Фидæны ма фæнд кæнынц ноджыдæр фысымуæтты иу комплекс саразын. Уый дæр федералон æххуысæй пайдагæнгæйæ. Амалхъомты ныхæстæм гæсгæ, ӕххуысы ахӕм механизм ахадгæ у. Къабаз йæ фæрцы стыр къахдзæфтæ акæндзæн. Къабаз йæ фæрцы стыр къахдзæфтæ акæндзæн.
















