Зæххæнкъуыст, зынгсирвæзт, куысджыты эвакуаци æппæт ацы хъуыддæгтыл бакуыстой æнæнхъæлæджы уавæрты министрады минæвæрттæ национ телеуынынад «Осетия – Ирыстон»-ы территорийыл йæ кусджытимæ. Æрымысгæ цаумæ гæсгæ зынгсирвæзт æрцыд фыццæгæм уæладзыджы. Не сфæлдыстадон къорд уымæн уыд æвдисæн. Цæттæ сты хабæрттæ ракæнынмæ.
Ссыгъд режиссерты уаты проводкæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ бæстыхайы чидæриддæр ис, уыдонæй се ’ппæтæн дæр у тас. Телеуынынады кусджытæ сты куыстуаты кæрты. Фæлæ æппæт нæ, цалдæрæй аззадысты павильоны. Фæлæ кæцыйы, уый хъуамæ зынгирвæзынгæджытæ хъуамæ базоной сæхæдæг. Ахуырты сценарий ацы хатт фæзындæр кодтой. Дæллаг студийы фæздæгæй ацæуæнтæ нæй. Уæллаг уæладзгуыты чи аззад, уыдон фæздæджы уацары бахаудысты. Æндæр гæнæн сын нæй, æнхъæлмæ кæсынц æххуысмæ.
Хъыгдæрд чи баййæфта, уыдонæй иуы ссардтой аварион ацæуæны цур. Æвæццæгæн, хъавыд бæстыхайæ рацæуынмæ, фæлæ йæ къухы нæ бафтыд. Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ, нæлгоймаджы æвæстиатæй хъуыд ирвæзынгæнджыты æххуыс, уымæн æмæ йæ бон цæуын дæр нæ уыд.
Нæлгоймаджы тагъд æххуысы машинæйыл, рынчындонмæ аластой. Фæздæг нырма нæ ахæлиу, афтæмæй ирвæзынгæджытæ ног æнæнхъæлæджы уавæр аиувас кæныныл архайын райдыдтой. Ацы хатт ахæм уавæрты куыд архайын хъæуы, уый зынгхуыссынгæнджытæ æвдисынц журналисттæн практикон ахуырты. Æмткæй райсгæйæ, ахуыртæ уыдысты дыууæ. Фыццаг — радзурын æмæ радисын, зынгхуыссæн куыд кусы, уый. Дыккаг та — зæрдæйæн комкоммæ массаж куыд кæнын хъæуы, уый сусæгдзинæдтыл æрдзурын.
Ацы хæслæвæрдтæ æххæстгæнгæйæ фылдæр æргом здæхт цыд — архайын адæмы аирвæзын кæныныл. Ацы дыууæрдæм ахуыртæн Дзæуджыхъæуы гарнизоны минæвæрттæ æмæ телеуынынады кусджытæ скодтой кæронбæттæн хатдзæгтæ — ахуыртæ ацыдысты иттæг хорз.
















