Ирон хæдзары æнæ æртæ чъирийæ иу бæрæгбон дæр нæ ацæуы. Абон Ногиры Культурæйы хæдзары уыд рæсугъд мадзал. Конкурс-фестивалы сæ дæсныдзинад равдыстой 7 æфсины. Бацæттæ кодтой бæркадджын фынгтæ. Таира Аксенова ацы мадзалы фыццаг хатт архайы. Сразæнгардæй æй кодта ирон æгъдæуттæм уарзондзинад. Йæ архæстдзинадæн ын аргъ скæндзысты жюрийы уæнгтæ.
Бæрæгбонмæ саккаг кодтой республикæйы цæрджытæ, культурæйы министрады минæвæрттæ, районты администрациты сæргълæуджытæ. Сæ курдиатæй сæ сбуц кодтой зындгонд зарæггæнджытæ. Мадзал ма хойрæгтæй уæлдай хъæздыг уыд алыхуызон равдыстытæй. Фæзтыл апарахат сты æрмдæсныты куыстытæ. Уыдон зæрдиагæй амыдтой дæсныйадæвдисæг ахуыртæ: къуымбилимæ архайдæй, кæлмæрзæнтæ бийынæй, цыхт ахсынæй. Цориты Марклен сывæллæттæн амыдта куырды куысты сусæгдзинæдтæ.
Фестиваль республикæйы цæуы ныр æртыккаг аз. Архайджытæ сцæттæ кæндзысты æртæ чъирийы æмæ иу луаси. Жюрийы уæнгтæн равдисдзысты сæ конд хойрæгтæ. Уыдон равзардзысты æртæ уæлахидзауы, схорзæхджын сæ кæндзысты зынаргъ лæвæрттæй. Иннæ æфсинтæ дæр æнæ æрхъуыдыйæ нæ баззайдзысты.
Мадзал аразджытæ зæрдæ æвæрынц фестиваль-конкурс фидæны ноджы парахатдæр кæй уыдзæн, уымæй. Уый та ууыл дзурæг у æмæ нæ республикæйы алы районты дæр цæудзысты бæрæгбæттæ, ирон æгъдæуттæ æмæ традицитимæ зонгæ кæндзысты фæлтæрты.
Ирон адæмы сæйраг хæзна – æртæ чъирийы. Сæ раст кæныны фæтк бахъахъхъæнын æмæ йæ фидæны фæлтæртæм хæццæ кæнын у абоны дуджы æфсинты сæйраг хæс. Конкурсы архайджтытæ – хуыздæр къæбæргæнджытæ – сæ арæхсдзинад æвдисгæйæ стыр æвæрæн хæссынц ацы иумæйаг стыр хъуыддагмæ. Уый та у мадзаларазджыты ахсджиаг бæллиц.
















