preloader
сейчас в эфире
23:47
ФУРДЫ УЫЛÆНТЫ 12+
Смотрите Далее
00:00
ХАБÆРТТÆ (ПОВТОР) 12+
ТВ ПРОГРАММА
ФУРДЫ УЫЛÆНТЫ 12+
close

Ногиры цæрджытæ хъаст кæнынц сæ фæндаджы уавæрал

17.08.2022 13:22

Дзыхъхъытæ ахæм стыр сты, æмæ сæ къæвда бон донуæттæ рауайы. Рухс та дзы уæвгæ дæр никуы уыд.

Нæ дарддæры æрмæджы цы фарстайыл æрдзурдзыстæм, уый Ногиры цæрджыты рагæй тыхсын кæны. Хъæуæй Дзæуджыхъæумæ цы фæндæгтæ цæуынц, уыдонæй иу заууат уавæры ис. Дзыхъхъытæ ахæм стыр сты, æмæ сæ къæвда бон донуæттæ рауайы. Рухс та дзы уæвгæ дæр никуы уыд. Иннæрдыгæй æнæхицау куыйтæ — сывæллæтæ сæ цурты цæуын нæ уæндынц. Хъæуы цæрджытæ горæты администрацимæ æххуысмæ фæсидтысты, фæлæ уавæр нырма нæ аивта. Нæ уацхæсджытæ хабармæ лæмбынæг æркастысты. Се ‘рмæгмæ сын бакæсæм.


Ацы фæндаг Ногирæй Дзæуджыхъæумæ балц дзæвгар фæцыбыр кæны, фæлæ дзы цы арф дзыхъхъытæ ис, уыдоны иувæрсты цæуын бахъæуы. Афтæ ныр дыууын азы дæргъы. Цæрджытæ-иу сæхи хъарутæй архайдтой уавæр фæхуыздæр кæныныл, фæлæ уый фаг нæ разынд. Ауылты нæдæр æхсæнадон транспорт цæуы, нæдæр такси. Уæдæ дзы бахъуаджы рæстæг тагъд æххуысы службæйæн дæр æвæстиатæй ацæуæн нæй.

Цæрджыты хъаст æрмæст пырх фæндагыл нæу. Йæ алыварс цырæгътæ нæй, стæй дзы æнæхæдзар куыйтæй дæр ацæуæн нæ вæййы. Скъоладзаутæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæй та бирæтæн сæ фæндаг ауылты у.

Æххуысагур Ногиры цæрджытæ фыстой Дзæуджыхъæуы администрацимæ, фæлæ сын дзуаппдæттæг нæ фæци. Фарста равзврыны тыххæй сæм мах дæр бахатыдыстæм. Куыд рабæрæг, афтæмæй, горæты автомобилон фæндæгты хыгъды ацы фæндаг нæй.

Фрста аиуварс кæнынæн амал ис. Ивгъуыд аз Дзæуджыхъæуы администраци бындуронæй сцалцæг кодта Транскамы аразджыты номыл уынг, Архонская сосафæндагæй Московскаяйы уынджы онг.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Цохъты Беллæ I Фæрдгуытæ
31.08.2026
Прозрачная платежная система, инклюзивное образование и «Движение первых» I Самое время
31.08.2026
День ветеринара и День блогера I Доброе утро, Осетия!
31.08.2026
Сихъоты Тамир ӕмӕ Хынцӕгты Маринӕ I Куыд зӕгъай, афтӕ!
30.08.2026
В итоге. 30 августа
30.08.2026
Хугаевы I Семья
30.08.2026
30.08.2026 I Вместе за безопасность
30.08.2026
Храп I Медикум
30.08.2026
Лидия Цахилова I Нараспашку
29.08.2026
29.08.2026 I Кувæг Ир
29.08.2026
29.08.2026 I На крючке
29.08.2026
Ход истории I Скифский мир
28.08.2026
Хӕдзарадон I Зæххыты æмæ фыййæутты кадавардзинад  
28.08.2026
Æфсæддон дохтыры Бон, Цæгæраты Максимы юбилей æмæ нæ музыканттæ Китайы I Йæ рæстæгыл
28.08.2026
Все рекомендуемое