Нуазыны дон Суададжы алы хæдзары дæр ныр хъуамæ кæла парахатæй. Уæлæмхасæн дондзæуæн хæтæл сæвæрдтой Брытъиаты Бексолтаны номыл уынгæй Кировы номыл уынгмæ.
Бынæттон цæрджытæ раздæр хъаст кодтой, хъæуы бын доны æлхъывдад бæлвырд домæнтæй фылдæр кæй у, хъæуы сæрмæ та уæвгæ дæр кæй нæ хæццæ кæны, уый тыххæй. Сæ уавæр фæхæццæ социалон хызæгтæм. Хъуыддагмæ йе `ргом аздæхта Цæгат Ирыстоны разамынды Центр. Йæ разамонæг Милдзыхты Сергейы ныхæстæм гæсгæ, стыр куыст бакодтой Алагиры районы сæргълæууæг Бутаты Арсен æмæ `ндæр бæрнон адæмимæ.
Ацыдысты хъæумæ æмæ бынаты скодтой хатдзæгтæ. «Алагиркоммунресурсы», зæгъгæ, куыстуаты специалисттæ донвæд скъахтой æмæ дзы нывæрдтой дондзæуæн хæтæлты 500 метры. Куыстытæм йæ цæст дардта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрад дæр.
















