Цардмæ уарзондзинад æмæ фæразондзинады фæрцы цæлхдурты сæрты хизæн ис. Уымæн æвдисæн сты Цæгат Ирыстоны спортсментæ. Ныртæккæ сæхи цæттæ кæнынц дунейы паралимпаг хъæзтытæм Индимæ. Кæд сын тренировкæгæнæн комплекс нæй, уæддæр лæппутæ сæхи фидар дарынц, гæнæнтæ æгæрон кæй сты, уый сæхи дæнцæгæй æвдисынц. Се ‘хсæн – Уæрæсейы призертæ, дунейы чемпионтæ, алчидæр сæ тырны уæлахизтæм. Æрæджы сын сæ тренировкæтæй иу бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд.
Уый фæстæ спортсменыл æдасдзинады рон æрбакæнынц, кæд йæ син хъыгдард у, уæддæр æй сæрмагонд гарзы фæрцы бауромынц, цæмæй ма фæцуда. Нæмыг æмæ мыдзыра æхсынæн бандон фæсивæд сæхæдæг сарæзтой. Сæрмагондæй йæ бацæттæ кодтой хъыгдард æнæниздзинадимæ спортсментæн.
Гибызты Дзамболат у æппæтадæмон æмвæзадыл дæсны, Уæрæссейы призер. Раздæр архæйдта футболæй, фæлæ фæстæдæр рахызт рог атлетикæмæ. Ныр йæхицæн сæвæрдта нысан – бæстæйы чемпион суæвын.
Хъойбайты Зауырæн цымыдисаг хъысмæт ис. Бирæ æзтæ фæкуыста Электроцинкы. Фæллой кæнгæйæ фæцæф, цæстæй нал уыдта. Фæлæ уæддæр йæ ныфс нæ асаст, райдыдта спорты архайын. Ныр пурти æхсынæй у Уæрæсейы чемпион. Дзамболат у квалификациимæ массажист æмæ æппæты, ахсджиагдæр та фондз сывæллоны фыд. Нæлгоймаг у ныфсхаст æмæ адæймаг стыр бæллиццтимæ.
Йæ æнæниздзинад хъыгдар кæмæн æрцыд, ахæм адæмæн спортæй архайын
Æнцон нæу, хъуамæ фыццаджыдæр дæхиуыл фæуæлахиз уай. Æмæ уый дзурæг у удыхъæды фидардзинадыл. Бæрзонд бæрæггæнæнтæм хæццæ кæнгæйæ æвдисынц сæ ныфс. Рог атлетикæйы чи архайы, уыдонæн алкæмæндæр ис æнтыстытæ. Афтæмæй, 25 адæймагæй 17 сты бæстæйы паралимпаг иугонд командæйы хыгъды. Уæрæсейы сæрыстыр сты Хынцæгты Альбертæй рог атлетикæйы архайы 20 азы. Йæ ном иу æмæ дыууæ хатты нæ айхъуыст æппæтдунеон ерысты. Уый у дунейы, Европæйы æмæ Уæрæсейы паралимпаг чемпион. Æрæджы йæ къордимæ æрæздæхст æмбырдтытæй.
Хæслæвæрдтæ баххæст кæнын æнцон нæу, фæлæ уæддæр спортсментæ сæ ныфс на сафынц, кæрæдзийæн æххуыс кæнынц, тренировкæ ацæуы хъæлдзæгæй. Æмæ сын кæд алы хатт нæ вæййы фадат куыд æмбæлы афтæ бацæттæ кæнынæн, уæддæр къорд иу тренировкæ дæр нæ цух кæны. Нырма уал спорстментæ архайынц лæвар манежы. Фæлæ республикæйы хицауад зæрдæ бавæрдта спортсментæн адзух пайда кæнынæн фæзуат кæй рахицæн кæндзæн, уымæй.
Царды зындзинæдтыл чи сæмбæлд, уыдон сæ дæнцæгæй разæнгард кæнынц. Сæ иудзинад æмæ фидар удыхъæд сын æххуыс кæнынц стыр бæлиццтæм размæ тырнын. Ныр тæккæ спортсментæ цæттæ кæнынц æппæтдунеон чемпионатмæ, кæцы ацæудзæн Идийы ацы мæй. Зæрдыл лæууын кæнæм, нæ республикæйы кад хъахъхъæндзысты 8 спортсмены Уæрæсейы командæйы хыгъды Нью-Делийы.
















