«Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæг – Аланийы бардуаг», ахæм сæргондимæ нывгæнджыты цæдисы залы байгом равдыст-конкурс. Архайджыты ‘хсæн Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, Краснодары крайы, Адыгейæ, Мурманскы облæсты, Мæскуы æмæ Петербургы минæвæрттæ 48-æй. Бацæттæ кодтой 60 нывæй фылдæр. Раргом дзы кодтой ӕмӕ равдыстой зӕдты бынат ӕмӕ ахадындзинад алайнаг культурæ æмæ историйы. Куыстытæ сты алы жанрты: нывкæнынад, графикæ, скульптурæ æмæ æндæртæ. Алы жанрмӕ гӕсгӕ дæр жюрийы уæнгтæ равзардзысты хуыздӕрты.
Равдыст фенын у алкæй бон дæр. Конкурсæн хатдзæгтæ скæндзысты 14-æм декабры. Мадзал аразæг — Алайнаг хæрзаудæн фонд «Дзæнгæрæг».
















