Лæппутæ кæд чысыл тыхсынц, уæддæр сæ тыхтыл нæ дызæрдыг кæнынц. Разæй —ахсджиаг фæлварæнтæ. Спортсментæ лæмбынæг хъусынц тренерты амындзинæдтæм æмæ пурти къуырынц. Сæ нысан — къордмæ бахауын. 11-аздзыд Беслехъоты Мæирбег футболæй цыппар азы архайы. Сразæнгард æй кодтой дунеон стъалытæ. Йæ бæллиц у профессионалон хъазæг суæвын. Тренировкæтæй уæгъд рæстæг дæр йæхиуыл фæкусы, хуыздæр кæны йæ арæхстдзинад.
Æвзарæн къæпхæн цæуынц 2015 азы гуырд лæппутæ. Республикæйы æппæт районтæй сæ арæхстдзинад равдисдзысты 40 æвзонг футболисты. Спортсменты адих кодтой цыппар секцийыл, се ппæты дæр хъæуы фæлварæнты сæрты ахизын. Сæ архайдмæ лæмбынæг кæсынц фæлтæрдджын тренертæ. Аргъ кæнынц тагъдадæн, физикон фæразондзинадæн. Уæлдай æргом ма здахынц сæ психологон скондмæ.
Æркастытæ цæуынц дыууæ боны. Æмæ кæд хатдзæгтæ кæнын нырма раджы у, уæддæр хистæр тренер фæнысан кодта лæппуты хорз цæттæдзинад. Æрыгон курдиæтты райрæзт та, йæ ныхасмæ гæсгæ, у разамонджыты сæйраг нысан.
Æдæппæтæй къордмæ равзардзысты 16 хъазæджы æмæ дыууæ дуаргæсы. Уыдонæй скæндзысты дыууæ рæгъы. Фидæны сæ цæттæ кæндзысты Æппæтуæрæсеон æмвæзадмæ.
Абон ацæудзæн æвзарæн къæпхæны кæронбæттæн. Сбæлвырд кæндзысты фидæны командæ. Ахæм æркастытæ саразынц афæдз дыууæ хатты. Æрыгон спотсментæн уый хорз фадат у профессионалон фтболы дунемæ дуæрттæ байгом кæнынæн.
















