Аивады фыццаг къахдзæвтæ кæнгæйæ, суинаг скульптор Кадиты Сослан сси зындгонд нывгæнæг Дзанайты Азанбеджы номыл бюсты автор. Ацы куыст у йæ дипломон. Каст фæцис аивæдты училищæ. Лæппуйæн æххуыс кодтой фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ. Сæ иумæйаг бакуысты фæстиуæг — бюст, сси ахуырадон уагдоны фидыц.
Нывгæнæг, скульптор, сценограф, режиссёр. Дзанайты Азанбег нывкæнынады аивады дунейы у цымыдыдисаг, æмбал кæмæн нæй, ахæм фæзынд. Йæ алы куысты дæр ирдæй зыны Фыдыбæстæмæ уарзондзинад. Йæ бирæвæрсыг курдиаты фæрцы йæ къухы бафтыд снывæндын æцæг шедевртæ. Уыдон аккаг бынат æрцахстой Ирыстоны аивады. Уæвгæ, нæ культурæ æнæ йæ æнæмæлгæ сфæлдыстадæй фидаугæ дæр нæ кæнид, æххæст нæ уаид. Ныр Дзанайты Азанбеджы номыл Аивæдты училищæйы фæзынд номарæн цырт.
Бронзæйæ цырт конд у сæрмагонд техникæйы. Йæ автор — Аивæдты училищæйы рауагъдон Кадиты Сослан. Йæ ахуыргæнджытимæ иумæ йыл куыста цалдæр мæйы дæргъы. Бæстонæй базыдта згъæртимæ куысты техникæ. Ахуыргæнджытӕ дзы разыйæ баззадысты.
Сослан ма гыццыл куы уыд, уæд райдыдта йæхи фæлварын скульптурæйы. Цыппар азы ахуыр кодта æвзонг техникты станцæйы, иу уыйбæрц та ма училищæйы. Йæ дипломон куыст Дзанайты Азанбегимæ сбæттыны хъуыды йын бацамыдтой йæ ахуыргæнджытæ. Æмæ хуымæтæджы нæ. Сосланæн йæ царды Азанбеджы сфæлдыстад ахсы уæлдай бынат, цымыдисы йæ æфтауы.
Алцыдæр райдайы сабидугæй. Сосланæн дæр ацы хъуыддаг уыд хиирхæфсæн мадзал. Йæ мад ын ныр дæр ма йæ алы мультипликацион хъайтары дæр хъуыды кæны. Сывæллон-иу сæ сарæзта пластилин æмæ гæххæттæй. Ацы дæсныйады сусæгдзинæдтæ бамбарынæн та йын стыр æххуыс уыдысты йæ фыццаг ахуыргæнæг Фриаты Раушаны амынддзинæдтæ.
Училищæйы ахуыры азтæ, цæсты фæныкъуылдау, атахтысты. Фæлæ Сослан йæ размæ цы нысантæ сæвæрдта, уыдонмæ тырны. Фидæны йæм æнхъæлмæ кæсынц ног сфæлдыстадон бæрзæндтæ — нæ бæстæйы культурæйы сæйраг сахар Санкт-Петербургы.
Гæззаты Зæринæ
















