Октябрскæйы дарддæр аив кæнынц æхсæнадон фæзуат Тедеты Павликы уынгæй Центрон парчы онг. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта Сергей Меняйло.
Специалисттæ фæнд кæнынц фистæгæй цæуджыты фæндæгты уæлцъар æмæ бордюртæ баивын, ног бандæттæ æмæ рухгæнæнтæ сæвæрын. Фæзындзæн ма дзы кæрдæг фæзтæ дæр. Нысадздзысты дзы аивгæнæн бæлæстæ æмæ къудзитæ. Куыстытæ фæуынвæнд кæнынц ацы азы кæронмæ. Фæзуат фæуæлахиз “Горæты æнцонвадат уавæртæ аразын”-ы Æппæтуæрæсеон хъæлæс кæныны программæйы. Сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй федералон æххуысы руаджы нын гæнæн ис æхсæнадон бынæттæм зилынæн Цæгат Ирыстоны æппæт районты.
















