Дзæуджыхъæуы йæ куыст райдыдта проект “Æнусон Пушкин”, зæгъгæ. Баст у поэты райгуырды 225 азимæ. Экспозицийы алыхуызон скульптурæтæ æмæ хæрдгæбыдтæ. Ацы здæхт Наталия æмæ Мария Арендт хуымæтæджы нæ равзæрстой . Хоты мыггаджы истори арф баст у Александр Пушкины цардимæ. Сæ хæстæг Николай Арендт поэты хъавыд фервæзын кæнын ныхмæлæуды фæстæ, куы фæцæф, уæд. Экспозицийы сæйраг куыстытæй иуы ном “Ценна бандероль”, зæгъгæ. Уым ис хостæ, цæмæй сæ хæстæг фервæзын кæна поэты – ахæм у экспонаты арф хъуыды.
Проект ныр 10 азы дæргъы æвдисынц алыхуызон сфæлдыстадон фæзуæттыл. Алы равдысты фæстæ дæр хотæ Наталия æмæ Мариямæ фæзыны ног хъуыдытæ сфæлдыстады архайынæн, ног куыстытæ аразынæн. Дзæуджыхъæумæ сластой 40 куыстæй фылдæр. Конд сты алы техникæты, нырыккон аивад куыд амоны, афтæ. Нывкæнынадæй райдай æмæ хæрдгæбыдæй фæуы. Фыццаг хатт экспозици равдыстой Пушкины хæдзары Лондоны. Уый фæстæ та алы горæтты.
















