Гыццыл сау гæдытæ гауызыл сæхи ирхæфсынц. Хъæлдзæг музыкæимæ æвзонг спортсменкæтæ равдыстой сæ номыр. Командæйы уæнгты ‘хсæн чысыл Дарья Малыхина дæр. Ацы ерыстæ йын фыццæгтæ сты, Мæскуыйы облæстæй Дзæуджыхъæумæ куы ссыд, уæдæй. Чызг турниры йæ арæхстдзинад æвдыста æртæ хатты.
Дашæимæ ерысгæнджытæ чысыл не сты. Турнир “Вдохновленные победой” бæстæйы 11 регионæй сæмбырд кодта 300 архайæгæй фылдæр. Æвзист араст Стъараполмæ – райста йæ Алиса Наврузалиева. Кæд дыккаг сси, уæддæр чызг æрхæндæг нæ кæны. Фидæны архайдзæн уæлахиздзау суæвыныл.
Турнир сарæзта спортивон клуб “Belle”. Ацы старттæ йын систы фыццæгтæ. Директор – Абайты Эсмеральдæ, уыцы иу рæстæг ма “сау гæдыты” тренер дæр. Ерысты фæстæ æвзонг гимнасткæтæн чемпионатæ сарæзтой дæсныйадæвдисæг ахуыртæ.
Зынаргъ лæвæртты ‘хсæн дунейы æртæ хатты чемпионкæ, спорты сгуыхт дæсны Полина Орловайы номыл титултæ. Чызг хуыздæрты йæхæдæг схорзæх кодта. Турнир байгом кæныны фæдыл кадджын мадзалы фæсидт архайджытæм.
Турнир сси æцæг бæрæгбон – ирд æмæ цымыдисаг. Сывæллæттæн балæвар кодта алыхуызон æнкъарæнтæ. Алчидæр сæ йæхицæн скодта хатдзæгтæ. Абоны рæдыдтæ, æнæмæнг, суыдзысты райсомы уæлахизты бындур.
















