Ольгинскæйы тагъд рæстæджы фæзындзæн ног спортивон фæзуат. Ацы лæвармæ хъæуы цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Уæлдай æхсызгон та уыд сывæллæттæн. Ныр уыдон цыбыр рæстæджы фæстæ бакъахдзæф кæндзысты аив æмæ рæсугъд хъазæн бынатмæ. Ацы фадат Ольгинскæйæн фæзындис Уæрæсейы федералон программæйы фæрцы.
Ныртæккæ арæзтадон куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Байтыдтой уал дзы цъæх нæу, йæ алыварс дæр æхгæд æрцыд. Куыстытæ кæронмæ куы фæуой, уæд та дзы сæвæрдзысты тренажертæ.
Хъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Дзлиаты Таймураз нын куыд бамбарын кодта, афтæмæй арæзтадон куыстытæ куыд æмбæлы, афтæ цæуынц. Уый зыны арæзтадон кустытæ кæй разамындæй цæуынц, уый архайдæй.
















