Паддзахадон академион Стыр театры кадджын мадзал ацыд Советон Цæдисы адæмон артисткæ Адырхаты Светланæйы номыл. Нæ бæстæйы раззагдæр театры сценæйыл сæмбырд сты зынгонд балеринæйы æмкусджытæ, хæлæрттæ, йе курдиатæн ын стыр аргъ чи кæны, уыдон.
Юблярмæ фæсидт республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Регионы сæргълæууæг æмæ цæрджыты номæй ын арфæ ракодта йæ юбилейы фæдыл. «Хиуыл æввæлайгæ куыст æмæ хъаруйы руаджы дæ ном айхъусын кодтай æгас дунейыл. Стыр аргъ дын кæнынц де ‘мкусджытæ, хъомылгæнинæгтæ, хæлæрттæ. Мæ зæрдæ дын зæгъы, бирæ азты ма уæ зонындзинæдтæ, уæ курдиатæй куыд хай кæнат æрыгон фæлтæрæн. Бузныг, цы куыст кæныс, уый тыххæй. Сæрыстыр дæ стæм. Стыр аргъ дын кæнæм! Æнæниз у æмæ дӕ цæрæнбон бирæ!» – загъта Цæгат Ирыстоны премьер-министр. Адырхаты Светланæ хореографийы аивадмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уый фæнысан кодта балеты труппæйы разамонæг, Уæрæсейы адæмон артист Уазиты Махар дæр. Зынгонд балеринæйы номыл бацæттæ кодтой балет «Легенда о любви». Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 12-æм майы Адырхаты Светланæйыл сæххæст 85 азы. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло зындгонд балеринæйы схорзæхджын кодта «Ирыстоны фæллойы хъайтары» майданæй.
















