Паддзахадон Думæйы ногæвзæрст депутатты фыццаг æмбырд уыдзæн 12-æм октябры. Конституцимæ гæсгæ, Паддзахадон Думæйы фыццаг æмбырд вæййы æвзæрстыты фæстæ 30-æм бон.
Фæлæ бæстæйы президентæн йæ бон у депутатты раздæр æрæмбырд кæнын дæр. Афтæмæй Владимир Путин æмбырд снысан кодта 12-æм октябрмæ. Уый тыххæй бафыста бардзырд. Документ фенæн ис барадон информацийы сæрмагонд сайты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Паддзахадон Думæйы 8-æм æмбырдмæ депутатты æвзæрстытæ цыдысты 17- 19-æм сентябры.
Уæрæсейы парламенты дæллаг палатæ равзарынц 5 азмæ. 225 депутаты – партиты номхыгъдмæ гæсгæ, 225 та – иу мандатон зылдтæм гæсгæ.
















