Паддзахадон тырысайы бон абон сбæрæг кодтой æгас республикæйы.
Егъау мадзалмæ сæхи бацæттæ кодтой Адæмты хæлардзинады хæдзары минæвæрттæ дæр. Уым ацыд тематикон изæр тыхы ведомствотæ, ветеранты советы уæнгтæ æмæ студентты архайдимæ. Программæ рауад ирд æмæ цымыдисаг. Уазджытæн радзырдтой Уæрæсейы историйы тыххæй æмæ сын равдыстой киноныв. Кæронбæттæны та ма бæрæгбон саив кодтой концертæй – зарджытæй, кæфтытæй, Рагуырæн бæстæйыл æмдзæвгæтæй. Ахæм мадзæлттæ ам аразынц æрвылаз.
















