Цымыдисаг лекцитæ æмæ зæрдæскъæфæн ахуыртæ. Утарты Артуры хъæуы æртæ виртуалон картæйы хæслæвæрдтæ нысангонд æмгъуыдмæ сæххæст кæнын. Хъуамæ рвдиса тæхгæ аппарат амоныны арæхстдзинад дæр, цæмæй кæронбæттæны бæрæггæнæн райса, уый тыххæй.
Фæлæ уыцы “тæхтытæ” хуымæтæг хъазт не сты, фæлæ фидæны инженертæ æмæ дронты операторты цæттæ кæныны фыццаг къæпхæн. Ахуырадон программæ лыстæгдзинæдты онг бæлвырд у. Адих æй кодтой дыууæ хайыл. Фыццаг — архайды бындуртæ. Уым æрмæст скъæрын нæ амонынц, фæлæ ма аппараттæ æмбырд кæнын дæр.
Алы æнтыст дæр — фæлтæрдджын зондамонæджы æнæзæрдæхудт амынддзинæдты фæстиуæг. Панайотис Карслидис æрмæст скъоладзауты нæ ахуыр кæны, фæлæ цæттæ кæны фидæны авиаконструкторты.
Дронтæ Панайотисы рагæй цымыдис кæнынц. Ацы здæхтмæ йе ‘ргом аздæхта йæ хæлары руаджы. Фыццаг фæлварæнтæ æнтыстджын нæ рауадысты, цы гæрзтæ балхæдта, уыдон басыгъдысты. Фæлæ, зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, йæ райрæзтыл куыста лæппу.
Æмæ йæ архайд “тыллæг” дæттын райдыдта. Æрæджы лæппу рамбылдта æппæтуæрæсеон конкурс “Умники”-йы. Йæ арæзт дрон — трикоптеры фæрцы райста сæйраг лæвар — зонадон-иртасæн куыстæн грант.
Алы æнтыстдзинад дæр къухы бафты æвæллайгæ архайды руаджы. Уæдæ адæймагæн йæ фарсмæ чи ис, уыдон дæр æм хъуамæ фæкæсой. Панайотис куыд зæгъы, афтæмæй йæм ацы хъуыддаджы бахæлæг кæнæн дæр ис. Æппæт дæр ын кæй рауайдзæн, уый йæ хæлæрттæ æмæ бинонты фидарæй уырныдта.
Æрыгон ахуыргæнæджы нысан — республикæйы дронты федераци саразын. Уый фæрцы æрыгон курдиæттæ ерысты архайдзысты æгас Уæрæсейы дæр, сæ зонындзинæдты рæзтыл кусдзысты æмæ сæйрагдæр, æвдисæндартæ райсдзысты.
Панайотисы уæлахиз у специалисттæ æмæ педагогты бæрзонд цæттæдзинадыл дзурæг. Ахæм зондамонджыты руаджы республикæйы рæзы профессионалты ног фæлтæр.
















