Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты уæлдæр ахуыргæнæндæттæм æмæ техникумтæм æнæ фæлварæнтæй исын. Уыцы хъæппæрисы фарс рахæцыдысты паддзахадон Думæйы депутаттæ. Се ‘хсæн цæгатирыстойнаг парламентарийтæ.
Ахуыр кæнынмæ бацæуыны фадат уыдзæн демобилизацийы фæстæ æртæ азы æмгъуыдмæ. Дыууæ регионалон фæцæрынæн æппынкъаддæр æхцайы бæрцæй къаддæр чи исы æмæ ноггуырд кæм ис, уыцы бинонтæн рахай кæндзысты сертификаттæ.
Уæрæсейы 20 субъекты ныридæгæн дæттынц лæвæрттæ ахæм бинонтæн. Лæвæртты дзæкъултæ ноггуырдтæн хъæугæ дзауматимæ Цæгат Ирыстоны дæттынц 2022 азæй Сергей Меняйлойы фæндонæй. Депутаттæ ма ныхас кодтой фæсивæды фæллойадон хъомыладыл, музейон фондты хъахъхъæнынадыл æмæ бюджетимæ баст ивддзинæдтыл.
















